филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:31 пятница, 29 марта 2024
Аланий хабæрттæ
Аланий хабæрттæ

Цæгат Ирыстоны коронавирусимæ уавæр зæрдæхсаинаг нæу – хъусын кæны Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управлени. Рынчынты бæрцыл нæ бафтыд, фæстаг хатт та инфекции нæ регионы территорийыл рабæрæг дыууæ къуырийы размæ. Ахæм уавæр ис иннæ регионты дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – абон æнæниздзинадхъахъхъæнынады дунеон организаци фехъусын кодта, коронавирусæй рынчынты нымæц æвиппайды æхсай фондз проценты кæй фæфылдæр, уый тыххæй.
Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы уæнгтæ æрзылдысты дæс мин хæдзарыл. Ныхас кодтой æвзарджытимæ æмæ сын дзырдтой хъæлæс кæныны боны фæткы æмæ кандидатты тыххæй. Къамисы уæнгтæ архайдтой фæлварæн проект «Мобилон бынæттон æвзарæн къамисы» домæнтæ æххæсткæнгæйæ. Специалисттæ пайда кæнынц сæрмагонд программæ, кæцымæ хæссынц æвзарджыты тыххæй бæрæггæнæнтæ. Базонæн сæ ис сæрмагонд уæлæдарæсмæ гæсгæ. Æвзарæн къамисы уæнгтæ хæрдзæрттыл зилдзысты дыууынæм августмæ. Мадзалы дыккæгæм къæпхæн райдайдзæн 25 августы æмæ ахæсдзæн 6 сентябырмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – 9 æмæ 10 сентябры Цæгат Ирыстоны дæс районы ацæудзысты æвзæрстытæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм.

21 августа, 09:00
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania