филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:25 суббота, 20 апреля 2024
04 июля 2019, 12:30

Æнусы рдæджы размæ Беслæны бæхты заводы æмæ дыргъдæтты кусджытæ райстой зæххы хæйттæ æмæ фатертæ

Æнусы рдæджы размæ Беслæны бæхты заводы æмæ дыргъдæтты кусджытæ райстой зæххы хæйттæ æмæ фатертæ. Цæрæнуæттæ приватизацигонд æрцыдысты, фæлæ зæххы хæйттæ цалдæр азы сæ бон сæхиуыл скæнын нæу. Фарста равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Касаты Наирæ радзурдзæн дарддæр.

Беслæны бæхты заводы æмæ дыргъдæтты кусджытæ дзурынц, йæ рæстæджы фатермæ æмхасæны хуызы æртыгай æртыгай сотыхтæ зæххы хæйттæ кæй райстой, уый. Цæрæнуæттæ приватизаци скодтой, фæлæ зæххы хæйттæ нырмæ нæ. Фæзуæттыл тох кæнын иуæй сæ бон дæр нал у, иннæмæй хъуыддаг фæнд кæронмæ ахæццæ кæнын. Се хсæн Ида Шарибова дæр. Зæххы хай ма йын хъуамæ радтой йæ бинойнаджы фыдæн номыл дæр. Нæлгоймаг бæхты заводы фæмарди трагикон æгъдауæй.

Ахæм уавæры ис Алыккаты Еленæ дæр. Ацы уынджы цæры æнусы рдæгæй фылдæр. Кæсы йæ рынчын бинойнагмæ. Уæззау цæф фæци дыргъдæтты кусгæйæ. Уæдæй нырмæ йæ сынтæгæй не сты. Цæхæрадоны æххæстæй кусын Еленæйæн дæр йæ бон нæу йе нæниздзинадмæ гæсгæ. Фæлæ зæххы хайыл тох кæны, уымæн æмæ йæм хауы закъонмæ гæсгæ.

Зæххы хæйтты уавæр сраст кæныныл адæм архайынц 3 азы. Сæ хъаст бахастой бынæттон администрацимæ. Фыстæджытæ æрвыстой нæ республикæйы æмæ Уæрæсейы Президентты номыл дæр.

Беслæны администрацийы уавæримæ зонгæ сты. Баххуыс кæнынæй нæа нæ зæгъынц. Фæлæ сæ хъæуы зæххыты документтæ

Цæрджытæ ма тыхсынц хæдзарæн йæхи уавæрæй дæр. Йæ бындур æрбадтис. Пъадвал уымæл æмæ хъуына. Къæвдаты фæстæ дзы дон байдзаг вæййы, канализацийы уавæр дæр сæ хæрзтæй нæу.

Лыггæнинаг фарстатæн сæ фылдæр кадрмæ хаст не рцыдысты. Нæ сыл уыди аххæсæн. Иутæ хъаст кодтой фæндæгты уавæрæй, иннæтæ æххуыс агуырдтой электрон тыхы хъуыддагæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй коммуналон лæггæдтæн фидынц куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ уый ницæуыл дзурæг у. Рухс ахуссын кæнынц æлы изæр дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania