филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:52 пятница, 19 апреля 2024
05 декабря 2019, 12:52
12-аздзыд Хынцæгты Хетæг сси курдиатджын Æппæтуæрæсеон конкурс «Синяя птица»-йы ирддæр архайджытæй иу

Ацы бонты та æрыгон лæппуимæ фембæлд не сфæлыстадон къорд

Куыд ма уын хъусын кодтам, афтæмæй дзæуджыхъæуккаг 12-аздзыд Хынцæгты Хетæг сси курдиатджын сывæллæтты Æппæтуæрæсеон конкурс «Синяя птица»-йы ирддæр архайджытæй иу. Федералон эфиры Хетæг бакасти зындгонд æфсæддон разамонæг, Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр, легендарон Плиты Иссæйы тыххæй монолог. Æрыгон лæппу рагæй бæллыди ацы стыр сценæмæ бахауын. Жюрийы уæнгтæ йын скодтой стыр аргъ. Ацы бонты та æрыгон лæппуимæ фембæлд не сфæлыстадон къорд. Цæмæй сæ бафтыдта дисы, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Хынцæгты Хетæгæн литературæ у йæ уарзон урочытæй иу. Æппæтуæрæсеон конкурс «Синяя птица»-йы архайæг æууæнды, нæлгоймаг хъуамæ куыд спортивон, афтæ удыхъæдæй дæр хъуамæ фидар уа. Ноджы ма жюрийы уæнгты дисы бафтыдта йæ аив дзырдæй дæр. Хетæг дзы бакаст Плиты Иссæйы монолог

Нæлгоймаджы цæссыджытыл дзурыны бон у æрмæстдæр тыхджын æмæ фидар адæймагæн. Фæлæ Хетæг йæ размæ æвæрд хæс сæххæст кодта. Уый фæнысан кодтой зындгон Уæрæсейаг амонджытæ дæр.

Йæ радзырд æвдыст æрцыд æнæхъæн бæстæйыл. Йæ ном кæй айхъуыст, уымæй дæр уæлдайхуызон нæ фæцис, фæлæ æцæг цы тыхсын кæны, уый цæмæй йæ бæллицтæ сæххæст уой.

Хетæджы абаран ис фæлтæрдджын артисттимæ. Йæ аив ныхасыл кусы 7 азы. Актеры дæсныйад йæ зæрдæйы бацагайдта сывæллонæй. Стæй Хетæг не мбары ныхас «Нæ рауайдзæн». Йæ хъуыдымæ гæсгæ цыфæнды нысан дæр сæххæст уыдзæн, тынг куы бафæнда, уæд.

Актеры дæсныйад, нысанмæ æхсæн, бокс. Сывæллонæн уæгъд рæстæг нæй. Скъолайы фæстæ тагъд кæны тренировкæтæм.

Цыфæнды архайды дæр фыццæгты æмрæнхъ. Куыд æййафы, уыцы фарстайæн Хетæджы мадæн дæр йæ бон дзуапп радтын нæ бацис. Конкурс «Синяя птица»-мæ та фæстаг бон арвыстой сæ курдиат.

Фæлварæнтæ ацæугæйæ рацыд конкурсы архайынмæ. Æмæ кæд аив дзырды дæсны номинацийы нæ уыд, уæддæр йæ дыууæ архайæджы ныхас кæндзысты финалы. Сæ нæмттæ бæрæг нæма сты, фæлæ Хетæг æмæ йæ ныййарджыты æрбахуыдтой дзуапдæттæг концертмæ бакæсынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania