18 ноября 2020, 13:16
Дзæуджыхъæуы та арæзт уыдысты Уæрæсейы ерыстæ ивазæнтæй, архайдтой дзы æвзонг спортсментæ
Национ æмвæзады турниры архайдтой 100 спортсмены 14 регионæй
Дзæуджыхъæуы та арæзт уыдысты Уæрæсейы ерыстæ ивазæнтæй, архайдтой дзы æвзонг спортсментæ. Национ æмвæзады турниры архайдтой 100 спортсмены 14 регионæй. Цæгат Ирыстоны командæйы архайдтой 20 адæймаджы. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ æппæт адæмон ерысты архайынмæ сфидар кодтой Уæрæсейы иугонд командæ. Се хсæн ис ирон лæппу Хъантеты Хетæг дæр.