филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:59 среда, 24 апреля 2024
07 августа 2019, 17:15
2012-æм азы 3-аг æмæ фылдæр сывæллоны цы бынонты райгуырд, уыдон сентябры райдайдзысты исын регионалон мадæлон капитал

50 мин сомы райсдзысты 2 мин бинонтæ.

2012-æм азы 3-аг æмæ фылдæр сывæллоны цы бынонты райгуырд, уыдон сентябры райдайдзысты исын регионалон мадæлон капитал.

50 мин сомы райсдзысты 2 мин бинонтæ. Уый тыххæй дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæн фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон райрæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ. Куыд загъта, афтæмæй мадæлон капиталы фиддонтæ дарддæр фыст цæудзысты къæпхæнгай. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæныдзыстæм, регионалон закъон фидаргонд æрцыд 2012-æм азы. Документмæ гæсгæ 50 мин сомы ратдзысты 2012-æм азæй 3-аг æмæ фылдæр сывæллоны кæмæн райгуырд, уыдонæн. Фæлæ 2015-æм азы закъон йæ тыхы нал цыд, уымæ гæсгæ фæрæзтæ дæр ничи райста. Фыццаг фиддонтæ лæвæрд æрцыдысты ацы азы уалдзæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania