филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:40 суббота, 20 апреля 2024
13 декабря 2019, 17:15
2020-æм азы сывæллæтты театр «Саби» йе 80-йæм театралон сезоны фæнд кæны цалдæр балцы ацæуын

Гастрольты фæткы сты Якути, Сыбыр æмæ Хуссар Ирыстон. Ацы аз та театры коллектив уыди Абхазы

2020-æм азы сывæллæтты театр «Саби» йе 80-йæм театралон сезоны фæнд кæны цалдæр балцы ацæуын. Гастрольты фæткы сты Якути, Сыбыр æмæ Хуссар Ирыстон. Ацы аз та театры коллектив уыди Абхазы. Уым сывæллæтæн равдыстой абхазаг эпикон уацмыс «Хуры чызг» æмæ ма Нарты кадджыты темæимæ дыууæ спектаклы. Февралы актертæ хъуамæ ацæуой Хуссар Ирыстонмæ, июны та Якутимæ. Фæззæджы сæм æнхъæлмæ кæсдзыты Сыбыры æмæ Абаканы. Уымæй уæлдай 2020-æм азы хъуамæ бæстонæй сцалцæг кæной сывæллæтты театр «Саби»-йы бæстыхай. Уыцы куыстытæ конд æрцæудзысты, национ проект «Культурæ» æххæст кæнгæйæ. Хъуамæ ивд æрцæуой театры сæр, пъолтæ, рудзгуытæ. Базилдзысты къултæм æмæ пъадвалмæ дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны театр «Саби» байгом 25-æм июны 1940-æм азы. Уыцы мгъуыдмæ йæхи бауарзын кодта, куыд чысыл театрдзаутæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania