филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:02 среда, 24 апреля 2024
03 января 2020, 12:24
4-æм гимназы ахуырдзаутæ ма сæхицæн æрхъуыды кодтой иу цымыдисаг ногдзинад

Сæхи къухтæй саив кодтой заз бæлас.

Ног азы бæрæгбон, кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай уарзондæр у сывæллæттæн. Уымæн æмæ фенхъæлмæ кæсынц сæ бæллицты сæххæст кæнынмæ. 4-æм гимназы ахуырдзаутæ та ма сæхицæн æрхъуыды кодтой иу цымыдисаг ногдзинад. Сæхи къухтæй саив кодтой заз бæлас. Уыимæ дзы иу æлхæнгæ хъазæн дæр нæ уыди, фæлæ сæ скодтой сæхæдæг. Афтæмæй равдыстой сæ миддунейы бæллицтæ æмæ бæрæгбоны æнкъарæнтæ. Куыд сын рауад ног азы фидауц, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ног азы заз бæласыл æрмæстдæр хи къухтæй конд хъазæнтæ. Заз бæлас та сын балæвар кодта меценат Тугъанаты Владимир. Бæрæгбоны фидауц саив кæныны хъаппæрис разынд ахуырдзаутæм сæхимæ. Афтæмæй ныффидар кæнынмæ хъавынц ног традици.

Заз бæлас саив кодтой хуыздæр æмæ рæсугъддæр хъазæнтæй. Æгайты Рамазан ахуыр кæны 4-æм къласы. Ног азы хъазæн æрхъуыды кодта йæ мадимæ иумæ. Афтæмæй хуымæтæг пластикæй конд авгæй рауад  цымыдисаг дзаума.

Конкурсы архайдтой гимназы æппæт ахуырдзаутæ. Уыимæ бацархайдтой сæ миддунейы ирд æнкъарæнтæ æмæ бæрæгбонмæ уарзондзинад равдисыныл.  Ам фенæн ис балеринæйы, се скъолайы макет, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, ног азы символ дæр.

Гимназы ма ис иу традици. Схуыдтой йæ «Хæлардзинады армукъа». Архайдтой дзы куыд сывæллæттæ, афтæ ахуыргæнджытæ дæр.

Ног азы фидауц – заз бæлас сывæллæттæ зæрдæтæ рухс кæны ацы бонты. Уæлдай æхсæзгон та сын уымæй у, æмæ дзы иу æлхæнгæ хъазæн дæр нæй. Афтæмæй кæстæртæ сахуыр уыдзысты сæхи æмæ се мбæлтты фæллойæн аргъ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania