филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:50 вторник, 23 апреля 2024
18 декабря 2019, 13:06
5 майданæй фæхъæздыгдæр ис нæ республикæйы дзюдойы иумæйаг командæйы къæбиц

Рамбылдтой сæ Майкъопы, Уæрæсейы Кубок рамбулыны ерысты.

5 майданæй фæхъæздыгдæр ис нæ республикæйы дзюдойы иумæйаг командæйы къæбиц. Рамбылдтой сæ Майкъопы, Уæрæсейы Кубок рамбулыны ерысты. Йæхи уæзы – 73 килограммы 1-аг бынат бацахста Гæлуаты Феликс. Сæ тренер Беккуызарты Алик разыйæ баззад спортсменты æнтыстдзинадæй. Уæлахиздзаутæ æмæ тренеримæ фембæлд Бокоты Виктория, æмæ йын ныхасы бар.

Гæлуаты Феликс дзюдомæ цæуы 16 азы. У Уæрæсейы 2016-æм азы чемпион, стæй нæ бæстæйы æмæ Европæйы Кубокты хицау. Æрæджы та ма сыл бафтыд сызгъæрин майдан. Райста йæ Майкъопы,  Уæрæсейы Кубок рамбулыны турниры. Хæцыд 73 килограммы уæзы. Йæ тренер Беккуызарты Аликимæ канд техникон фæлтæрæнтыл  нæ бакуыстой, фæлæ ма спортивон цæттæдзинадыл дæр. Спортсмен зæгъы, ацы ерыстæм йæхи сæрмагондæй бацæттæ кодта.

Майкъопы ерысты фесгуыхтысты Ирыстоны иннæ спортсментæ дæр. Республикæмæ æрбаластой 5 майданы. Бронзæ майдантæ рамбылдтой Кокайты Кристинæ æмæ Кочиты Инал. Æвзист – Харебаты Ребеккæ æмæ Елбакиты Георгий. Куыд нын радзырдта, афтæмæй ныртæккæ йæхи цæттæ кæны иннæ ерыстæм.

Сæйраг тренер куыд радзырдта, афтæмæй Майкъопы ерысты архайдта не спортсменты чысыл хай. Сæ тыхджындæртæ уыдысты Китайы. Тренер сæ баззад разыйæ.

Афæдзы кæронмæ спортсментæ кæндзысты тренировкæтæ, январы та ацæудзысты Австримæ. Уым сын уыдзæн иумæйаг тренировкæтæ. Архайынц, цæмæй та  фидæны ерысты ногæй уой уæлахиздзаутæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania