филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:51 пятница, 19 апреля 2024
04 июля 2019, 12:29
6-æм июлы Дзæуджыхъæуы райдайдзæн республикон турнир мини-футболæй «Кубок Дарьяла»

Архайдзысты дзы 34 командæйы, уый та у 600 адæймагæй фылдæр

6-æм июлы Дзæуджыхъæуы райдайдзæн республикон турнир мини-футболæй «Кубок Дарьяла». Архайдзысты дзы 34 командæйы, уый та у 600 адæймагæй фылдæр. Ахæм турнир нæ республикæйы уыдзæн фыццаг хатт. Командæтæ адих кодтой дыууæ къордыл. Иуы сты 18-æй – 35 азы онг. Иннæйы та хистæр кары футболисттæ. Турниры агъоммæ уыд пресс-конференци. Цæгат Ирыстоны журналистты фæрстытæн дзуæппытæ лæвæрдтой ерыстæ саразджытæ æмæ командæты минæвæрттæ. Се хсæн – Уæрæсейы сгуыхт тренер Гарегин Будагян æмæ нæ республикæйы мини-футболы Федерацийы Президент Лолаты Алан. Пресс-конференцийы ма уыд хæлттæ æппарыны процедурæ, æмæ сбæрæг кодтой 6 дæлкъорды ныхмæлæуджыты. Фыццаг бынат цы командæ бацахса, уый райсдзæн 125 мин сомы. Æвзист æмæ бронзæ призертæ та – 75 æмæ 50 мин сомтæ. Турнир фæуыдзæн сентябры. Цæудзæн фæлладуадзæн бонты Московскийы уынджы футболон фæзы. Йæ саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй турнир фæнд кæнынц æрвылазон скæнын. Афæдзæй-афæдзмæ йæ архайджыты нымæц кæндзæн фылдæр. Афтæмæй фæсивæд фылдæр тырндзысты æнæниз цардыуагмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania