филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:53 пятница, 19 апреля 2024
21 января 2020, 18:16
73 милуанмæ хæстæг радих кæндзысты адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй хуыздæр уавæртæм ракæныны программæ царды сæххæст кæнынæн

Дыгуры æмæ Рахизфарсы районтæй ног хæдзæрттæм ракæндзысты 36 бинонты

73 милуанмæ хæстæг радих кæндзысты адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй хуыздæр уавæртæм ракæныны программæ царды сæххæст кæнынæн. Дыгуры æмæ Рахизфарсы районтæй ног хæдзæрттæм ракæндзысты 36 бинонты. Цæрынæн цы бæстыхæйттæ нал бæззынц, уыдон скуынæг кæныны проектмæ гæсгæ федералон бюджетæй радих кæндзысты 56 милуан сомы, 9 милуаны та республикæйы фæрæзтæй. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрады куыд бамбарын кодтой, афтæмæй хæдзæрттæ аразын райдайдзысты ацы уалдзæг. Профилон ведомствæйы разамонæг Таматы Майрæн куыд загъта, афтæмæй куыст цæудзæн «Горæты æнцонвадат цард»-ы программæйыл дæр. Йæ фæлгæты  æххæстгонд цæуы дыууæ проекты, уымæн фæрæзтæ радих кодтой 206 милуаны. Ацы аз ма базилдзысты 124 кæртмæ æмæ æхсæнадон бынæттæм/

Боны фæткы ма хицауады уæнгтæ æркастысты ног аграрон холдинджы арæзтадмæ. «Алания æхсыр»-æн бындур сæвæрдзысты Мæздæджы районы. Хауы республикæйы ахсджиаг проекттæм. Йæ разамынды фиппайнæгтæм абон байхъуыстой хицауады уæнгтæ. Экономикон райрæзты министры хæдивæг Дзоблаты Зурабы ныхæстæм гæсгæ проект царды æххæстгонд цæудзæн къæпхæнгай. 4 азмæ хъуамæ куыстуат йæхæдæг цæттæ кæнын райдайа холлæгтæ æмæ суанг æхсыр бакусын онг æххæст кæндзæн уыцы иу куыстут. Дардзысты дзы 5 мин стурвосы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania