15 января 2020, 17:00
Абон 12 сахатыл райдыдта Уæрæсейы президент Владимир Путины ныстуан Федералон æмбырдмæ
Президенты раныхас уыд равдыстытæ аразæн центрон зал «Манеж»-ы
Абон 12 сахатыл райдыдта Уæрæсейы президент Владимир Путины ныстуан Федералон æмбырдмæ. Президенты раныхас уыд равдыстытæ аразæн центрон зал «Манеж»-ы. Ацы азы фыццаг ахсджиаг политикон мадзалмæ хуынд æрцыдысты 900 журналисты Уæрæсейы æмæ фæсарæнты дзыллон информацион фæрæзтæй. Комкоммæ эфиры ныстуан фенæн уыди телевизион каналтæ – «Первый канал», «Россия 1», «Россия 24», «Общественное телевидение России» стæй, медиакъорд «Патриот»-мæ цы дзыллон фæрæзты сайттæ хаст æрцыд, уыдоны. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, президент сæйрагдæр йа цæст æрдардта ахæм фарстатæм, куыд – адæмы æфтиæгтæ, демографи æмæ æндæр социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæмтæм.
темæмæ гæсгæ