филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:52 пятница, 19 апреля 2024
04 декабря 2019, 17:10
Ахуырады кусджыты фæлтæрддзинад фылдæргæнæн институты пенсимæ рацæуæны агъоммæйы кары адæмы фыццаг къордæн ратдтой аттестаттæ

Курсытæ арæзт æрцыдысты национ проект «Хистæр фæлтæр» æххæст кæнгæйæ

Абон ахуырады кусджыты фæлтæрддзинад фылдæргæнæн институты пенсимæ рацæуæны агъоммæйы кары адæмы фыццаг къордæн ратдтой аттестаттæ.

Курсытæ арæзт æрцыдысты национ проект «Хистæр фæлтæр» æххæст кæнгæйæ. Программæ парахат кæны Уæрæсейы Уордскилсы цæдис, куыстæй æххæст кæнæн Уæрæсейы федералон службæйы хъæппæрисæй. Цæгат Ирыстоны ахуыртæ фæцæуынц æртæ ахуыргæнæндоны: Цæгат Кавказы аграрон-технологон, Елхоты бирæвæрсыг æмæ Дзæуджыхъæуы электроникæйы колледжты. Асджиаг у, ахуыртæ лæвар кæй цæуынц, уый. Технологон колледжы дæр райдыдтой ахуыртæ. Дæсныйæдтæ сты «Графикон дизайн» æмæ «Æндзавæн технологитыл». Елхоты бирæвæрсыг техникумы рауагъдонтæ та райстой хъæууонхæдзарадон машинæтæ цалцæггæнджыты æвдисæндартæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania