филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:45 пятница, 19 апреля 2024
31 января 2020, 17:20
Абон бахыгътой æппæтуæрæсеон конкурс «Наукæмæ къæпхæны»-ы 17-æм республикон къæпхæны хатдзæгтæ

Сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны хорзæхджын æрцыдысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ

Абон бахыгътой æппæтуæрæсеон конкурс «Наукæмæ къæпхæны»-ы 17-æм республикон къæпхæны хатдзæгтæ. Сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны хорзæхджын æрцыдысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд загътой, афтæмæй конкурсы архайджыты нымæц азæй-азмæ кæны фылдæр. Уыимæ та куыстыты хæрзхъæддзинад дæр. Ацы аз конкурсы архайдта 260 сывæллоны, 1-æй 11-æм къласы онг. Хуыздæрты арвидзысты æппæтуæрæсеон къæпхæнмæ. Ацæудзæн Мæскуыйы облæсты, уалдзæджы. Ацы конкурс куы цæуы, уæдæй нырмæ дзы, Уæрæсейы æмвæзадыл нæ республикæйæ систы 200 адæймаджы. Уымæй уæлдай, 115 -æй та райстой уæлдæр къæпхæны хæрзиуджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania