Дипломаты зианмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны делегаци, нæ республикæйы разамынд, хæххон металлургон институты кусджытæ æмæ Эльбрусы бирæ зонгæтæ
Абон Дзæуджыхъæуы фæстаг фæндараст загътой Уæрæсейы фыццаг минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрусæн. Дипломаты зианмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны делегаци, нæ республикæйы разамынд, хæххон металлургон институты кусджытæ æмæ Эльбрусы бирæ зонгæтæ. Къарджиаты Эльбрус Уæрæсейы минæварæй Хуссар Ирыстоны фæкуыста 9 азы. Уыдоны дæргъы кодта активон архайд, дыууæ бæстæйы хсæн хæлар æмæ ахадгæ бастдзинæдтæ фидар кæнынæн. 80-йæм азты кæрон разамынд лæвæрдта нæ республикæйы адæмон хæдзарады министрадæн, 90-æм азты райдиан та уыд Цæгат Ирыстоны министрты Советы сæрдары хæдивæг. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты дипломатон службæйы та балæууыд 1994-æм азы. Куыста Турчы Генералон консулæй. Уый фæстæ та уынаффæгæнæгæй минæварады. Къарджиаты Эльбрусæн кæддæриддæр кодтой стыр кад. Куыд йе мкусджытæ, афтæ, йæ алфамблай чи уыди, уыдон се ппæт дæр. Æцæг профессионал, дипломат, хорз зыдта францусаг æмæ туркаг æвзæгтæ. Уæдæ куыд адæймаг, афтæ дæр уыд хорз хæлар. Уæ зæрдыл уын æрлæууыгн кæндзыстæм, Къарджиаты Эльбрус йæ цардæй ахицæн 75 аздзыдæй Мæскуыйы.