филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:53 четверг, 18 апреля 2024
30 января 2020, 12:50
Абон спорты галуан «Манеж»-ы райдайдзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды ерыстæ грекъаг-римаг хъæбысæйхæстæй

Архайдзысты дзы, 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд

Абон спорты галуан «Манеж»-ы райдайдзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды ерыстæ грекъаг-римаг хъæбысæйхæстæй. Архайдзысты дзы, 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд. Ерыстæ арæзт сты Фыдыбæстйы Стыр Хæсты Уæлахизы 75 азы кадæн. Турниры уыдзысты зылды субъекты 150 минæвары. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы ис 42 спортсмены. Абон уал рацæудзысты рагагъоммæ фембæлдтыты. Райдыдтой 10 сахатыл. Ерысты уæлахиздзаутæ та сбæрæг уыдзысты 1-æм февралы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы спорты хуыз хаст кæй у олимпаг хъæзтыты программæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania