филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 пятница, 19 апреля 2024
07 мая 2013, 11:23
Абон уыд Уæлахизы парады генералон репетици

Архайдта дзы 1200 адæймагæй фылдæр: 58-æм æфсады салдæттæ æмæ офицертæ, 58-æм æфсады оркестры музыканттæ, мидæфсæдты минæвæрттæ æмæ Дзæуджыхъæуы кадетты корпусы

Архайдта дзы 1200 адæймагæй фылдæр: 58-æм æфсады салдæттæ æмæ офицертæ, 58-æм æфсады оркестры музыканттæ, мидæфсæдты минæвæрттæ æмæ Дзæуджыхъæуы кадетты корпусы барабантыл цæгъдджытæ, стæй ветерантæ.

Ахуыр кодтой иууылдæр иумæ хæцæнгарзимæ раст рæгътæй цæуыныл æмæ парады командæгæнæджы «æгасцуайæн» раст дзуапп дæттыныл. Ацы аз парады фыццаг хатт архайдзæн нырыккон бронетехникæ. Фæзы ацæудзысты æфсæддон машинæтæ æмæ нырыккон техникæ.

Парады агъоммæ ацы репетици уыд фæстаг. Парады командæгæнæг, дæлбулкъон Евгений Никифоровы ныхæстæм гæсгæ æфсæддонтæ æмæ дæлхайæдтæ сты цæттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania