филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:28 пятница, 19 апреля 2024
28 мая 2020, 16:22
Æхсæнадон палатæйы æрныхас кодтой, Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл хъæлæс кæныны процедурæйыл

Фембæлд арæзт æрцыд видеоконференцийы хуызы

Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы æрныхас кодтой, Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл хъæлæс кæныны процедурæйыл. Фембæлд арæзт æрцыд видеоконференцийы хуызы.

Сæ хъуыдытæ загътой Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ, эксперттæ, паддзахадон хицаудзинады оргæнты æмæ бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ. Уымæй дарддæр æмбырды архайдтой æнæкоммерцион организациты æмæ политикон партиты уæнгтæ. Нæ республикæйы кусдзысты 338 æвзарæн участочы. Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæйы цард домы йæхи уавæртæ, æмæ цæттæ уæвын хъæуы, хъæлæс кæныны процесс раздæрау кæй нал уыдзæн, уымæ.

Чи зоны æмæ нал уыдзысты хуынды гæххæттытæ, фæлæ фылдæр пайдагонд цæудзæн социалон хызтæй. Æмбырды раныхас кодта Уæрæсейы Президенты цур арæзт граждайнаг æхсæнады рæзты æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг Советы уæнг Александр Брод.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania