28 июля 2020, 11:38
Æмхæццæ хъæбысхæсты хуызты фыццаг æнтыстдзинад бантыст Саламаты Аланы къухы
Ирыстойнаг атлет нокаутæй фыццаг раунды фæуæлахиз мæскуыйаг спортсмен Евгений Никитиныл
Æмхæццæ хъæбысхæсты хуызты фыццаг æнтыстдзинад бантыст Саламаты Аланы къухы. Ирыстойнаг атлет нокаутæй фыццаг раунды фæуæлахиз мæскуыйаг спортсмен Евгений Никитиныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, турнир цыди Мæскуыйы. Аланыл цæуы 20 азы, æмæ ныридæгæн цалдæр хатты фæуæлахиз студентон хъæзтыты. У тайаг боксæй спорты мастер. Ерысты тæрхонгæнджытæ кæддæриддæр бафиппайынц не мзæххон богалы техникæ. Æмхæццæ хъæбысхæсты хуызты турниры архайдта фыццаг хатт. Йæ тренертæ сты Верди Тариев æмæ Геннадий Мартиросов.