филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:35 пятница, 19 апреля 2024
11 мая 2020, 16:21
Æппæтуæрæсеон акци «Зарæм нæ кæрты» сæххæст кодтой Дзæуджыхъæуы дæр

Æрыгон зарæггæнджытæ, бархионтæ æмæ бынæттон цæрджытæ иумæ зарыдысты сæ хæствæллад сыхаг Пагæты Алыксандрæн

Бирæуæладзыгон хæдзæрттæй райхъуыст зарæг «Катюша». Бархионты къухы дидинджытæ, рудзгуытæй та зынынц хæстонты хуызистытæ. Æппæтуæрæсеон акци «Зарæм нæ кæрты» сæххæст кодтой Дзæуджыхъæуы дæр. Æрыгон зарæггæнджытæ, бархионтæ æмæ бынæттон цæрджытæ иумæ зарыдысты сæ хæствæллад сыхаг Пагæты Алыксандрæн.

Уый архайдта Ленинград блокадæйы уацарæй суагъд кæныныл, 30 азы та снывонд кодта флотæн. 95-аздзыд ветеран разамынд дæтты Дзæуджыхъæуы дугъгæнджыты клубæн. Ацы бон йæ номыл ахæм мадзал кæй ацыд, уый йын уыд тынг æхсызгон. Уæдæ æнæхъæлæджы уазджытæн цы радзырдтаид, уый дæр уыд – фидæнмæ йæм ис бирæ нысантæ. Ахæм мадзал царды æххæстгонд цæуы Æппæтуæрæсеон адæмон фронты хъæппæрисæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania