Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг рагæй бæллыди ирон адæмон музыкæйы концертмæ байхъусын
«Уæлахиздзауты бæллицтæ». Æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акцийы волонтертæ сæххæст кодтой Дзæуджыхъæуы 92 аздзыд цæрæг Хъулаты Раисæйы бæллиц. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг рагæй бæллыди ирон адæмон музыкæйы концертмæ байхъусын. Фæлæ йын йе нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ не нтысти. Уымæ гæсгæ артисттæ расидтысты ахæм хорз хъуыддаг æмæ ацæргæ сылгоймагмæ уазæгуаты æрбацыдысты сæхимæ. Хъулаты Раисæйы зæрдæ бахъалдзæг кæнынмæ батагъд кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Хадыхъаты Аллæ, зарæггæнæг Хъуысаты Светланæ, стæй ансамбль «Ритмы горы» доулисттæ. Раисæйн акодтой йæ уарзон зарджытæ æмæ цæгъдтытæ. Бинонты куыд загътой, афтæмæй проекты тыххæй базыдтой дзыллон информацион фæрæзтæй, æвæстиатæй балæвæрдтой курдиат, æмæ афтæмæй æххæстгонд æрцыд хæствæллад хистæры бæллиц.