филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:35 суббота, 20 апреля 2024
03 июня 2020, 16:32
Æрæфы районы быдырты кæронмæ фæхæццæ кæнынц уалдзыгон куыстытæ

Кæд æппæт дунейы дæр уæззау рæстаг скодта, уæддæр зæхкусджытæ æмбарынц, быдыртæ бакусын кæй хъæуы, уый. Куыд фæзæгъынц, дæ бæркадджын фæззæг аразгæ у фæллойджын  рагуалдзæгæй.

Республикæйы  быдырты кæронмæ фæхæццæ кæнынц уалдзыгон куыстытæ. Фæстаг ма баззайыныл архайынц Æрæфы районы зæхкусджытæ дæр. Арфæйаг сты республикæйы хицауады æххуысæй.

Кæд ацы аз иу чысыл  афæстиат сты, уæддæр сæ зæрдæ дарынц сæ фæллой бынаты кæй уыдзæн, æмæ раздæры азæй æвзæрдæр кæй нæ рауайдзæн сæ бæркад, ууыл.

Æрæфы районы стырдæр хæдзарæдтæй иу у Æнæххæстбарджын æхсæнад Ираф-Агро. Ацы аз сæ зæххыты 700 гектары радих кодтой нартхор  æмæ сойæйæн. Куыстуаты куыд зæгъынц, афтæмæй иннæ аз фылдæр зæххытæ дих кæнынмæ хъавынц мæнæуæн.  Уæдæ техникæ æмæ æндæр кусæн æрмæгæй та сты æххæст.

Районæ хъæууон хæдзарады управленийы специалисттæ æнцад нæ бадынц. Азæй азмæ фылдæр кæнынц сæ культурæты номхыгъд. Æрæджы дæр ма  кæд сæ быдырты фенæн уыд  канд картоф æмæ нартхор, уæд ныр уавæр цæхгæр аивта.

Дарддæр та зæхкусджытæ сæ зæрдæ дардзысты боныхъæдыл, уымæй аразгæ у сæ фидæны бæркадджын тыллæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania