филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:51 суббота, 20 апреля 2024
09 октября 2020, 14:40
Æрæфы районы хъæуты цæрджытæ дæр сæхиуыл æвзарынц царды хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ

Байгом дзы сывæллæтты спортивон æмæ хъазæн фæз. Бакуыстой йыл парти «Иугонд Уæрæсе» -йы федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд»

Куыд æппæт Ирыстоны, афтæ Æрæфы районы хъæуты цæрджытæ дæр сæхиуыл æвзарынц царды хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ. Радон арæзт æрцыд Лескены цæрджытæн. Байгом  дзы сывæллæтты спортивон æмæ хъазæн фæз. Бакуыстой йыл парти «Иугонд Уæрæсе» -йы федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд» æххæстгæнгæйæ. Кадджын мадзалмæ æрбамбырд сты хъæуы цæрджытæ, районы разамынд, стæй парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады разамынд. Ортабайты Тимур йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй йын тынг æхсызгон у, радон хорз хъуыддаг саразын сын кæй бантæст, уый. Лескены хистæрты æмæ цæрджыты номæй, фæз саразджытæн раарфæ кодта хъæуы ветеранты советы сæрдар Цъеуты Киамал.  Сырх лент сывæллæттимæ иумæ алыг кодтой  Æрæфы районы сæргълæууæг Хидирты Батраз æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур.  Лескены культурæйы хæдзары сфæлдыстадон къордтæ та сæ аивадæй бахъæлдзæг кодтой æппæт уазджыты зæрдæтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania