филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:35 среда, 24 апреля 2024
29 октября 2020, 12:17
Æрæфы районы Хæзныдоны хъæуы сæхицæн куысты бынæттæ ссардтой 70 адæймаджы

Кусын дзы райдыта хуыйæн фабрикæ.

Фылдæр гæнæнтæ. Æрæфы районы Хæзныдоны хъæуы сæхицæн куысты бынæттæ ссардтой 70 адæймаджы. Кусын дзы райдыта хуыйæн фабрикæ. Йæ продукцийы хæрзхъæддзинад, йæ фадæттæм гæсгæ, хъуамæ дзуапп дæтта паддзахадон стандардтæн. Ног коллективы куыст федта Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Ныртæккæ иу куысты бынат скæнын дæр тынг ахсджиаг у, уæлдайдæр – хъæуы. Фæсивæд куыстагур цæуынц горæттæм. Цæмæй æрыгæттæ ахуыры фæстæ здæхой сæ фыды хæдзармæ, уый тыххæй та хъæуты аразын хъæуы куыстуæттæ. Уый хынцгæйæ компаниты къорд «БТК» байгом кодта хуыйæн фабрикæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы куыстуат кæй фæзынд Хæзныдоны цæрджыты хъæппæрисæй. Уыдон ракуырдтой се мхъæуккаг, йæ райгуырæн хъæуæн бирæ хæрзты чи бацыд, уыцы Боллоты Хъазыбеджы фырт Таймуразæй, цæмæй ам байгом кæна куыстуат. Ныр адæмæн ис фадат падзахадæн хъæугæ куыст кæнынæн. Уыимæ сæ бинонтæ дæрынæн.

Ацы хорз хъуыддагыл цин кæны районы разамынд дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй нал хъуыды кæнынц, ам ма фæстаг хатт куыстуат гом кæд æрцыд, уый.

Бæстыхай ифтонггонд у æппæт хъæугæ, нырыккон кусæн дзаумæттæй. Ууыл зæрдиагæй цыбыр рæстæгмæ бакуыстой Кæсæг-Балхъары БТК-йы филиалы разамынд. Уæвгæ БТК-йы генералон директор Боллоты Таймуразы хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ, фабрикæ саразынæй йæ сæргълæууæг йæ размæ æхца бакусыны хæс не вæры.

Ныртæккæ уал куыстуаты ис 70 кусæн бынаты. Цæгат Ирыстоны адæмæн куыстдæттыны комитетимæ æмгуыстады фæрцы фабрикæ æххæст кæнынц кусджытæй.

Ныридæгæн коллективы 70 проценты сты æндæр дæсныйадыл хæст адæм. Уымæ гæсгæ сын арæзт æрцæуынц ахуыртæ.

Афтæ зæрдæргъæвдæй, сомбоны хорздзинæдтыл æууæндгæйæ, Хæзныдоны хъæуы райдыдта йæ куыст хуйæн фабрикæ. Куыд дарддæр, афтæ фылдæр æмæ хуыздæр, зæгъы коллектив. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Боллоты Хъазыбеджы фырт Таймураз сæ цы стыр лæвары аккаг скодта, уымæн та сæ дзуапп уыдзæн уый, æма сæ куыстæй сæрыстыр куы уа.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania