филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:07 пятница, 19 апреля 2024
08 июля 2019, 12:34
Æрæфы районы уыд стыр спортивон бæрæгбон – Цæгат Кавказы фæсивæды спартакиада

Мадзал рауад цымыдисаг æмæ зæрдæмæдзæугæ

Æрæфы районы уыд стыр спортивон бæрæгбон – Цæгат Кавказы фæсивæды спартакиада. Мадзал рауад цымыдисаг æмæ зæрдæмæдзæугæ. Канд спортивон бæрæгбон нæ уыд, фæлæ ма рухстауæн фембæлд. Ерысты размæ дзы ныхас цыд дины архайджыты куыстыты тыххæй. Архайдтой дзы канд Цæгат Ирыстоны национ-культурон æхсæнадты уæнгтæ нæ, фæлæ Цæгат Кавказы æппæт регионты дины, æхсæнады, фæсивæдон организациты минæвæрттæ. Уыдис дзы уазджытæ Мæскуыйæ æмæ Екатеринбургæй дæр. Спартакиадæ цымыдисаг уыд алы кары адæмæн. Спортивон бæрæгбоны тыххæй бæлвырддæр Фидараты Маринæ.

Цæгат Кавказы фæсивæды спартакиадæ суазæг кодта Æрæфы район. Хæзныдоны стадионы рауад спорты æмæ дины стыр бæрæгбон. Ерысты размæ уал наукæйы æмæ дины кусджытæ фæсивæдæн радзырдтой удварны хæзнаты тыххæй, бæлвырддæр та – дин нырыккон царды цы бынат ахсы, уый тыххæй. Форуммæ æрбахуыдтой Цæгат Кавказы республикæты минæвæртты, нæ республикæйы национ-культурон æхсæнадты уæнгты. Уыдысты дзы уазджытæ Мæскуыйæ æмæ Екатеринбургæй дæр.

Æппæты кæстæртæн та куыста аттракцион. Бацæттæ сын кодтой адджын фынгтæ дæр. Спортивон командæтæ та ерыс кодтой бæндæн ивазынæй, армхæстæй, уæззæуттæ исынæй æмæ спорты æндæр хуызтæй.

Спартакиадæ Кавказы фæсивæдæн арæзт æрцыд 4-æм хатт. Бакуыстой йыл Цæгат Ирыстоны пысылмон дины управленийы минæвæрттæ. Йе вæрæн æм бахаста нæ республикæйы нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрад.Форум рауад ахадгæ. Йæ архайджытæ уыдысты иу хъуыдыйыл хæст, дарддæр дæр æй аразын кæй хъæуы, ууыл. Ахæм æрвылазон мадзалтты фæрцы фидардæр кæнынц адæмты хсæн хæлар æмæ æнгом ахастдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania