филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:24 суббота, 20 апреля 2024
20 ноября 2020, 13:15
Æрбахæстæг кæны Ирыстоны стырдæр бæрæгбон – Джеоргуыба

Республикæйы сæргълæууæджы бадзырд æмæ парламенты уынаффæмæ гæсгæ Джеоргуыбайы мæйы фæстаг æххæст къуырийæн йæ фыццаг бон вæййы улæфæн бон

Æрбахæстæг кæны Ирыстоны стырдæр бæрæгбон – Джеоргуыба. Республикæйы сæргълæууæджы бадзырд æмæ парламенты уынаффæмæ гæсгæ Джеоргуыбайы мæйы фæстаг æххæст къуырийæн йæ фыццаг бон вæййы улæфæн бон. Цæмæй алы бинонты бон уа уыцы изæр сæ хæдзары 3 уæливыхы скувын. Бирæтæ скæнынц иумæйаг бæрæгбон, кæстæртæ саразынц ерыстæ, фæлæ ныртæккæ пандемийæйы аххосæй ацы аз стыр куывдтытæ аразæн нæй. Уыцы курдиатимæ Ирыстоны цæрæг адæммæ сиды Иры Стыр Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан дæр. Зæгъы – «Бирæ бинонты басыгъта йæ азарæй æмæ нæ алы фæзылд, алы хъуыддаджы дæр хъуамæ адæмы æдасдзинад æмæ æнæниздзинад æвæрæм æппæтæй уæлдæр. Бæрæгбоны фынгыл цал адæймаджы æрбада, авд æви сæдæ, уымæй уæлдай ницы ис. Сæйрагдæр у цы зæрдæйæ, цы хъуыдытимæ скуывтой хистæртæ, уый».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania