филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:48 пятница, 19 апреля 2024
13 декабря 2019, 15:40
Æрвылбоны хъæбæр хауæддзæгты куыст кæнынимæ баст паддзахадон реформæ цæуы ныр афæдзы бæрц

Уыимæ баст сты цалдæр стыр ивддзинады. Стыр æргом здæхт цæуы бырæттæ ласыны тарифтæм, стæй æндæр хъуыддæгтæм.

Аразын алцыдæр, цæмæй уынгтæ уой сыгъдæг. Æрвылбоны хъæбæр хауæддзæгты куыст кæнынимæ баст паддзахадон реформæ цæуы ныр афæдзы бæрц. Уыимæ баст сты цалдæр стыр ивддзинады. Стыр æргом здæхт цæуы бырæттæ ласыны тарифтæм, стæй æндæр хъуыддæгтæм. Не сфæлдыстадон къорд араст Архонкæмæ, цæмæй фена, станицæйы цардыл реформæ куыд фæбæрæг, уый. Цы хатдзæгтæ скодтой, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Архонкæйы станицæмæ бырæтты куыстгæнæн реформæ, куыд республикæйы иннæ хъæутæм, афтæ, бахæццæ афæдзы райдиан. Бынæттон администраци йæхицæй систа уыцы хæстæ, æмæ сæ радта регионалон оператормæ. Ныр афæдзы дæргъы, бырæттæ æфснайынц фæткмæ гæсгæ, зæгъын цæрджытæ.

Станицæйы абоны онг къуылымпыдзинæдтæ ис бырæтты контейнертимæ. Адæм бырон рахæссынц фæндаджы былгæрæттæм. Цæмæй хъуыддаг лыггонд æрцæуа, уый тыххæй Архонкæ бабæрæг кодта «Эко-Альянсы» генералон директор.

Хæстæгдæр рæстæг станицæйы сæйраг уынджы фæзындзæни 10 контейнеры. Афтæмæй, уавæр зынгæ фæхуыздæр уыдзæни, уыимæ та уынгтæ дæр фæсыгъдæгдæр уыдзысты, зæгъы администрацийы сæргълæууæг Сергей Черницкий.

Ам ма хæстæг ран ис бырæттæкуыстгæнæн полигон дæр. Уый дæр радтой регионалон операторы бæрны.

Алы мæй дæр станицæйы цæрджытæ æппарынц 13 мины æмæ *рдæг кубометры. Гуæздæрты Магометы ныхæстæм гæсгæ,  кæд æрвылбоны хауæддзæгты куысты системæ æнæрлæугæйæ архайы, уæддæр бынтон зæрдæйы фæндон нæу. Ныртæккæ куыст цæуы сæрмагонд полигоны проект саразыныл, уый фадат ратдзæн, хауæддзæгты нымæц фæкъаддæр кæнынæн.

Полигон цы æфтиæгтæ хæсса, уый фæрцы та  фæкъаддæр уыдзысты бырæттæ ласыны тарифтæ. Арæзтадæн бардæттæг гæххæттытæ куы райсой, уæд  райдайдзæн Дзæуджыхъæуы бырæттæ æмбырдгæнæны рекультиваци

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania