филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:12 четверг, 25 апреля 2024
16 июня 2020, 17:23
Æрыдоны районы скъоладзаутæ ног ахуыры аз райдайдзысты ног цалцæггонд кълæсты

Сæ ахуыргæнæндæтты цæуынц бындурон аивгæнæн куыстытæ

Æрыдоны районы скъоладзаутæ ног ахуыры аз райдайдзысты ног цалцæггонд кълæсты. Сæ ахуыргæнæндæтты цæуынц бындурон аивгæнæн куыстытæ. Бынæттон цæрджытæ сæм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Иуæй-иу бæстыхæйттæ бынтон кæлæддзæгтыл нымад уыдысты, фæлæ уыдонмæ дæр бæстон базилдзысты.

Нартыхъæуы скъолайы спортивон залы бындурон цалцæгмæ бавнæлдтой майы кæрон. 47 азмæ иунæг хатт дæр цалцæггонд нæ цыди. Уæдæ иннæ бæстыхæйттæ дæр афтæ. Йæ сæр у æппæтæй базилинагдæр. Ныртæккæ цæуы куыстыты фыццаг къæпхæн. Хæстæгдæр рæстæг бавналдзысты къултæм. Уæвгæ та цалцæггæнæн куыстытæ райдайын бантысти парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект » Спорт сывæллæттæн» æххæст кæнгæйæ. Уый фæрцы цалцæггонд цæуынц хъæуккаг скъолаты спортивон залтæ.

Нартыхъæуы скъолайы спортивон зал у иунæг бынат, рæзгæ фæлтæр алыхуызон секциты æмæ къордты кæм фæархайынц, ахæм. Уыдон сæ архайд сног кæндзысты, куыддæр цалцæггæнæн куыстытæ фæуой, афтæ. Æдæппæтæй ам ахуыр кæнынц 95 скъоладзауы. Мичуриныхъæуы скъолайы та ахуырдзауты нымæц 2 хатты фылдæр у. Фарон хъæуы цæрджыты æмбырды скъолайы кусджытæ фæсидтысты республикæйы Сæргълæууæгмæ, æмæ йын фехъусын кодтой сæ курдиат, бæстыхайы сæр сцалцæг кæныны тыххæй. Куыстытæм бавнæлдтой мæйы размæ.

Июны райдиан боныхъæд зæрдæйы фæндон кæй нæ рауад, уымæ гæсгæ уый ивддзинæдтæ бахаста фæллойгæнджыты куысты фæткмæ. Фæлæ сæ нæ бахъыгдарта. Сентябры сывæллæттæ фæнд кæнынц ног аив кълæстæм бацæуын. Августы кæронмæ фæуыдзысты Къостайыхъæуы скъолайы цалцæггæнæн куытсытæ дæр. 

Бындуронæй сцалцæг кæндзысты æппæтæй зæронддæр корпус. Райдиан скъолайæн бæстыхай арæзт æрцыд 1927-æм азы. Фæстаг 30 азы дæргъы йæ иу хай уыди æхгæд, уымæн æмæ уыди кæлæддзаг. Ныртæккæ ам сæхи бацæттæ кодтой цалцæггæнæн куыстыты фыццаг къæпхæнмæ. Уымæй дарддæр скъолайæн баивдзысты йæ сæр, æмæ базилдзысты йе ддаг бакастмæ.

Æрыдоны районы 3 хъæуы ахуыргæнæндæтты куыстытæ кæронмæ хъуамæ фæуой ног ахуыры азы райдианмæ. Педагогтæ æмæ ахуыргæнджытæ уыцы ивддзинæдтæм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Уымæ гæсгæ куыстытæм бæстон цæст дарынц. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania