Закъоны проектыл ныхас цыди парламенты æмбырды
Алагиры æмæ Æрæфы районты фылдæр æргом здахдзысты республикæйы экономикон рæзтмæ. Закъоны проектыл ныхас цыди парламенты æмбырды. Организацитæ æмæ амалхъом адæм ацы зонæйы куы уой, уæд сын фæкъаддæр кæндзысты сæ хъалонты фиддонтæ. Республикæйы экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй ацы районты парахатгонд сты, промышленность, хъæууон хæдзарад æмæ туризм. Ноябры фæнд кæнынц инвестортимæ бадзырд бафыссын. Æмбырды ныхас цыди коронавирусы ныхмæ мадзæлттыл дæр. Бахастой фæндон, пандемийæйы аххосæй йæ архайд кæмæн фæцудыдта, ахæм организацитæн хъалонтæ фæныллæгдæр кæныны. Дыккаг бакасты æркастысты, хъалонтæ чи фиды, уыдонæй хуымæтæг системæйæ чи пайда кæны, ахæм адæмæн льготæты фарстайыл. Организацитæ æмæ хицæн амалхъом адæмæн хъалонтæ фæнд кæнынц 3% скæнын.