филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:28 среда, 24 апреля 2024
03 апреля 2020, 11:01
Алагиры районы Центрон рынчындон размæ акодта зынгæ къахдзæф нырыккон технологитæй пайда кæныны къабазы

Архайынц ахæм низты ныхмæ тох кæныныл, куыд нуæртты артроз, нервыты низтæ, астæуы стæджы грыжæтæ æмæ æндæртæ

Алагиры районы Центрон рынчындон размæ акодта зынгæ къахдзæф нырыккон технологитæй пайда кæныны къабазы. Архайынц ахæм низты ныхмæ тох кæныныл, куыд нуæртты артроз, нервыты низтæ, астæуы стæджы грыжæтæ æмæ æндæртæ. Операцитæ кæнынæй уæлдай ма Алагиры районы Центрон рынчындоны æххæстгонд цæуы плазмо-терапийы методикæ. Ногдзинад айсы рыст, æмæ адæймагæн дзæвгар фенцондæр вæййы.

Гатеты Барисыл авд азы куы цыдис, уæд рахаудта бæхæй, æмæ бахъыгдæрдта йæ къух. Уæд ын дохтырты бон баххуыс кæнын нæ бацис. Сæ ныфс æм нæ бахастой суанг Санкт – Петербурджы клиникæты специалисттæ дæр. Фæлæ, Алагиры районы центрон рынчындоны хирургтæ бафæлвæрдтой Барисæн баххуыс кæнын, æмæ йæ хъуыддаг фæрæстмæ. Афтæмæй æнгуылдзтæ райдыдтой змæлын, стæй сæ райдыдта æнкъарын.

Операци скодтой æртæ къæпхæнæй. Дохтыртæн æнцон нæ уыди. Алы фæзилæныл дæр хъуыди бирæ хъуыды кæнын, уымæн æмæ дзы рæдыд æруадзынæн  бар нæ уыди. Фæлæ уæддæр кæронбæттæн æнтыстдзинад аразгæ уыди, куыд дохтыртæй, афтæ рынчынæн йæхицæй дæр. Хирург Агънаты Артемы ныхæстæм гæсгæ, рынчынæй бирæ  аразгæ вæййы. Ам ахсджиаг у, операцийы фæстæ дæргъвæтин рæстæг реабилитаци кæнын. Бирæ адæм уымæн нæ бафæразынц, æмæ хъуыддаг æрдæгыл ныууадзынц. Уый та æнæниздзинадæн йæ фæстæ хорз хъуыддæгтæм нæ расайы.  

Реконструктивон остеотомия, кæнæ та хуымæтæг ныхæстæй къахы фадæй  къуыбæрттæ исын. Ахæм патологитимæ адæм æмбæлынц тынг арæх. Алагиры районы рынчындоны ацы операцитæ кæнынц æнтыстджынæй. Хирургтæ фæнд кæнынц ног технологитæй спайда кæнын, зæгъын хъæуы уый, æмæ ногдзинæдтæй Цæгат Кавказы нырма ничи пайда кодта.

Специалисттæ пайда кæнынц нырыккон технологитæй. Архайынц ахæм низты ныхмæ тох кæныныл, куыд нуæртты артроз, нервыты низтæ, астæуы стæджы грыжæтæ æмæ æндæртæ. Нуары протезы дзæбæхгæнæн процессы спайда кæнынц гиалуроны туаггуырæй. Ис ын гыцццыл регенеративон ахадындзинад. Операцитæ кæнынæй уæлдай ма Алагиры районы Центрон рынчындоны æххæстгонд цæуы плазмо-терапийы методикæ. Ногдзинад айсы рыст, æмæ адæймагæн дзæвгар фенцондæр вæййы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania