филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:09 суббота, 20 апреля 2024
19 сентября 2019, 17:20
«Алани-Дзæуджыхъæу» цæттæ кæны ЦСКА-имæ фембæлдмæ

Матч ацæудзæн 25-æм сентябры стадион «Спартачы».

«Алани-Дзæуджыхъæу» цæттæ кæны ЦСКА-имæ фембæлдмæ. Матч ацæудзæн 25-æм сентябры стадион «Спартачы».

Билеттæ уæй кæнын райдыдтой ныридæгæн. Абон не сфæлдыстадон къорд æвдисæн уыди футболистты тренировкæтæн. Стадион æмызмæлд кодта. Уыдис дзы куыд рагон, афтæ æрыгон фарсхæцджытæ дæр. Се ппæты дæр иу кæны футболмæ уарзондзинад, æмæ сæ уарзон командæйыл æууæнк. Уæрæсейы Кубок рамбулыны матчы ма Алани æмæ ЦСКА фембæлдысты 2011-æм азы. Уый уыди турниры финал. Ацы дыууæ клубы алы фембæлд дæр вæййы æцæг спортивон цау. Ацы хъазт дæр бирæты хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ Аланийы раздаха Уæрæсейы футболы уæлдæр æмвæзадмæ. Центрон клубыл уæлахиз Аланийæн балæвар кæндзæн стыр гæнæнтæм уæрæх фæндаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania