филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:29 пятница, 19 апреля 2024
23 сентября 2019, 13:42
Аланийы футболисттæ та радон хатт бахъахъхъæдтой Уæрæсейы чемпионы кадджын ном æвзæр чи хъусы, уыдоны хсæн

Сæ 6-æм уæлахиз сæ къухы бафтыди Адлеры ткрниры

Аланийы футболисттæ та радон хатт бахъахъхъæдтой Уæрæсейы чемпионы кадджын ном æвзæр чи хъусы, уыдоны хсæн. Сæ 6-æм уæлахиз сæ къухы бафтыди Адлеры ткрниры. Æдæппæтæй ирон футболисттæ рамбылдтой 5 матчы, æмæ бакъуырдтой 22 пуртийы. Спортсментитмæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ныхасы бар Гуытъиаты Алинæйæн.

Фыццаг бакæсгæйæ — хуымæтæг командæ. Фæлæ лæмбынæг æркæсгæйæ фендзынæ командæмæ йæхи хицæндзинæдтæ кæй ис, уый. Уæзхъусты æхсæн футболы клуб Алани ссис Уæрæсейы чемпион.

Æдæппæтæй чемпионаты архайдтой авд командæйы. Дæлкъорды ирон футболисттæ фæуæлахиз сты сæ ныхмæлæуджытыл Самарæйæ æмæ Санкт-Петербургæй. Воронежы минæвæрттимæ хъазты та хъыгд уыдис иухуызон. Æрдæг финалы нæ командæ æнцонæй амбылдта Астрæхæны командæйы. Кæронбæттæн матчы та ирон футболисттæ Волгограды облæсты командæйыл фæуæлахиз сты цыппар ноль хыгъдæй.

Бафиппаинаг у уый дæр æмæ ацы уæлахиз Аланийæн фыццаг нæ уыдис. Ацы аз Ирыстойнаг командæ ссис Уæрæсейы æхсæз хатты чемпион.

Нæ командæ турниры рæстæг рамбылдта фондз матчы, ныхмæлæуджыты дуæрттæм та барвыста дыууын дыууæ пуртийы.

Денис Проничев хъахъхъæны национ командæйы дуæрттæ дæр. Аланийы хыгъды йæ æхсæзæм хат банымадтой бæстæйы хуыздæр дуæрттæхъахъхъæнæгыл.

Командæ цæттæ кæнынц тренертæ Берозты Эрик, Смайлиты Артур, Гаглойты Юрий æмæ Владимир Медведев. Футболисттæм дарддæр æнхъæлмæ кæсынц ног бæрзæндтæ æмæ уæлахизæ. Иннæ аз сæрды сæ тыхтæ бавзардзысты Сурдолимпаг сæрдыгон хъæзтыты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania