филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:08 четверг, 28 марта 2024
21 июля 2020, 11:26
Алексей Мачнев архайдта Уæрæсейы закъонæвæрджыты Советы Президиумы æмбырды

Видеоконференцийы хуызы ныхас цыд чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысы мадзæлттыл, стæй нæ бæстæйы мидтуризмы гæнæнтыл пандемияйы уавæрты

Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев архайдта Уæрæсейы закъонæвæрджыты Советы Президиумы æмбырды. Видеоконференцийы хуызы ныхас цыд чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысы мадзæлттыл, стæй нæ бæстæйы мидтуризмы гæнæнтыл пандемияйы уавæрты. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй ацы къабæзтыл тынг фæбæрæг. Ныртæккæ куыст цæуы Иумæйаг национ пъланы проектыл, нæ бæстæйы цæрджыты æфтиаг базоныны тыххæй. Æмбырды архайджытæ стыр æргом аздæхтой дунеон фæлтæрддзинадмæ. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ амалхъом адæмæн æххуыс у – хъалонтæ фæкъаддæр кæныны хъуыддаг, фæдзæхстадон фиддонты бæрц æмæ бадзырдтæн къаддæр фидын. Туризмыл дзургæйæ та, специалисттæ зæгъынц, фæстаг мæйтæм æфтиæгтæ райсын нæ бантыст 1 триллион æмæ 500 миллиард сомы. Туризмы Федералон агентады разамонæг Догъуызты Зæринæ та радзырдта ног национ проект «Туризм и индустрия гостеприимства»-йы тыххæй, æмæ ма бафтыдта, нырæй фæстæмæ Агентадæн йæ бон у закъонæвæрынады архайын дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania