18 ноября 2019, 12:13
Араббаг Эмираттæй уæлахизимæ сыздæхтысты нæ республикæйы рог атлетикæйы спортсментæ
Дунеон ерыстæ цыдысты, йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, афтæмæй рог атлетикæйы чи архайы, уыцы лæппутæ æмæ чызджыты хсæн
Араббаг Эмираттæй уæлахизимæ сыздæхтысты нæ республикæйы рог атлетикæйы спортсментæ. Дунеон ерыстæ цыдысты, йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, афтæмæй рог атлетикæйы чи архайы, уыцы лæппутæ æмæ чызджыты хсæн. Аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы сыл сæмбæлдысты кад æмæ радимæ. Не мзæххонтæ Уæрæсейы уæлахизты къæбицмæ бахастой 6 майданы. Кобесты Чермен йæхи равдыста 4 спортивон хуызы æмæ 3 хатты схызт уæлахизы асинмæ. Иунæг сызгъæрин майдан та рамбылдта Хынцæгты Альберт, уый æфсæнкъори ассыдта æппæтæй дарддæр.
темæмæ гæсгæ