филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:42 четверг, 28 марта 2024
18 ноября 2020, 13:50
Аразгæ интеллект æмæ нымæцон технологитыл бæстон æрдзырдта Сæлбиты Алан

Аразгæ интеллект, нымæцон гæнæнтæ æмæ мæнг информациты дыккаг уылæн – ацы темæтыл ныхас цыд информацион технологиты æмæ бастдзинады комитеты сæрдар

Аразгæ интеллект, нымæцон гæнæнтæ æмæ мæнг информациты дыккаг уылæн – ацы темæтыл ныхас цыд Сæлбиты Аланимæ архайды ргом хицауады. Информацион технологиты æмæ бастдзинады комитеты сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй йæ дæлбар ведомствæ куыста пандемийæйы фыццаг рæстæг, цæттæ разындысты дыккаг уылæнмæ дæр. Нывыл кусы паддазахадон лæггæдты портал. Уымæй уæлдай Цæгат Ирыстоны лæггæдтæ канд бирæвæрсыг центрты уылты нæ, фæлæ федералон порталы уылты дæр у адæймагæн райсын. Сæлбиты Алан ма бафиппайдта дыккаг коронавирусы дыккаг уылæнимæ кæй райдыдта мæнг информацийы дыккаг фæлтæр дæр. Æмæ цæмæй семæ тох кæнын уа æнцондæр, уый тыххæй арæзт цæуы иумæйаг телефоны номыр – 122.
Иу ахсджиаг хъуыддаг ма лæууы информацион технологиты æмæ бастдзинады комитеты размæ – алы дæрддзæф хъæумæ бахæццæ кæнын интернет. Уый ахадгæ уыдзæн туризмы райрæзтæн дæр. Афтæ цыбыр рæстæгмæ бастдзинад фæзындзæн Мамысонгомы дæр.
Рох не сты интернетæй чысыл пайдагæнджытæ дæр. Кусынц ирон æвзагыл мультфильмтæ исыны проектыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania