филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:39 четверг, 25 апреля 2024
04 сентября 2020, 14:37
Ацы аз Цæгат Ирыстон райсдзæнис дыууæсæдæ милуан сомы Мамысонмæ цы тъунел ис, уый рацарæзтæн

Бардзырд бафыста хицауады сæрдар Михаил Мишустин.

Ацы аз Цæгат Ирыстон райсдзæнис дыууæсæдæ милуан сомы Мамысонмæ цы тъунел ис, уый рацарæзтæн. Бардзырд бафыста хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Фæрæзтæ радих кодтой æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты национ проект æххæсткæнгæйæ. Хицауады сæрмагонд сайт куыд хъусын кæны, афтæмæй уал ныртæккæ тъунелы рацарæзт сæххæст кодтой 20 проценты бæрц. Æдæппæтæй та ацы аз регионтæ райсдзысты 5 миллиард сомы, цæмæй фæндаггон хызы уавæр фæхуыздæр кæной, уымæн. Уыцы фæрæзтæй куыд спайда кодтой, уый тыххæй регионтæ хицауады раз дзуапп ратдзысты 2021 азы 1 февралмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania