филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:55 четверг, 25 апреля 2024
05 июня 2019, 17:05
Ацы азы 4 мæймæ æрцыд 237 фæндаггон фыдбылызы

Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 10% фылдæр.

Ацы азы 4 мæймæ æрцыд 237 фæндаггон фыдбылызы. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 10% фылдæр.

Уый тыххæй фæндæгтыл æдасæй цæуыны хицауадон къамисы æмбырды фехъусын кодта паддзахадон автоинспекцийы управленийы хицау Хуадонты Айвар. Куыд загъта, афтæмæй æнæ статистикæйæ дæр бæрæг у, ацы фарстайы фæдыл бирæ куыст кæй цæуы. Фæлæ уæлдай æргом аздахын хъæуы сывæллæтты æдасдзинадмæ. Уый тыххæй рахастой уынаффæ, фистæгæйцæуджытæн фæндаджы сæрты ахизæнтæ сног кæнын. Уæлдайдæр та рæвдауæндæтты æмæ скъолаты цур. Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæджы агъоммæ ма хъæуы æдасдзинады æппæт домæнтæ сæххæст кæнын, æмæ июны кæронмæ автобустæн лицензитæ скæнын.

Æмбырды ма ныхас цыд уадзæн пункт Уæллаг Ларсы куыстыл. Арæнхъахъхъæнæн управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ныр дæр арæнты сæрты ацæуы, нормæмæ цас æмбæлы, уымæй 4 хатты фылдæр транспорт. Суткæмæ рауайы 2500 машинæйы. Пункты рацарæзт та нысан кæнынц 2023-æм азы скæнын. Уæдмæ транспорты нымæц зынгæ фæфылдæр уыдзæн æмæ та фаг нал кæндзæн. Уавæр фæрогдæр кæнынæн баххуыс кæндзысты мобилон пункттæ. Хæстæгдæр рæстæг уал дзы кусын райдайдзæн дыууæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania