филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:34 среда, 24 апреля 2024
20 января 2021, 13:18
Ацы бонты 102 азы сæххæст Цæгат Кавказы фыццаг сылгоймаг-режиссер Брытъиаты Зариффæйы райгуырдыл

Зындгонд драматурджы чызгæн йæ царды фæндаг уыд уардитæй тыд – рæсугъд æмæ ирд, фæлæ сындзытæ йæ къахвæдтыл ныууагътой сæ нос

Ацы бонты 102 азы сæххæст Цæгат Кавказы фыццаг сылгоймаг-режиссер Брытъиаты Елбыздыхъойы чызг Зариффæйы райгуырдыл. Зындгонд драматурджы чызгæн йæ царды фæндаг уыд уардитæй тыд – рæсугъд æмæ ирд, фæлæ сындзытæ йæ къахвæдтыл ныууагътой сæ нос. Зариффæйы цардвæндагыл афæлгæст Уыртаты Сæрмæт.

Уæрæсейы, Цæгат Ирыстоны зындгонд режиссер æмæ артист, аивады скъуыхт  кусæг, Фæллойы Сырх Тырысайы ордены кавалер, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат, ирон драматургийы буындурæвæрæджы фæдон – Бртъиаты Зарифæ. Абон ыл сæххæст уыдайыд 101 азы. Хорзæй чи зыдта, уыдоны зæрдæты баззад æргом, сыгъдæгзæрдæ адæймагæй, куысты мидæг та дæсны æмæ домаг æмкусæгæй. Йæ фыды фарн дарддæр айтыгъта Ирыстоны театралон дæсныйады арæнты. Йæ цард та иууылдæр бафæдзæхста аивадæн, уымæн æнувыдæй лæггадгæнынæн. Уыд фыццаг ирон сылгоймаг-режиссер, æмæ дыууиссæдз азы фæкуыста ирон драмон театры, дæс азы та, уырыссаг драмон театры.

Йæ бæрны театрты æвæрд æрцыд дæсгай пьесæтæй фылдæр. . «Оттелло» “Встреча в темноте”, «12-я ночь», “Любовь Яровая” ирон фысджыты уацмыстæй та, “Чермен”,  «Дыууæ хойы», “Фатимæ”. Иу иннæмæй æнтысджындæр.

Зарифæйы æвæрд спектакль  «Оттело» англисаг сценæйы хæрзæгъдауæй куы ахъазыдысты нæ театры артисттæ, уæд театрдзаутæн сæ  къæрцъæмдзæгъдæй кæрон нал уыд.

Уæдæ сусæггаг нæу, режиссерæн йæ царды æвзарæнтæ дæр. Зарифæ уыд æргомзæрдæ æмæ æнæхин адæймаг, æмæ йыл уымæн, чи зоны, йæ фыдгæнджытæ гадзрахатæй  рацыдысты. Мæнгарддзинады зынгтæ йын йæ зæрдæйы куы басхуыстой, уæд куыннæ фæцудыдтайыд йæ цардвæндагæй. Рæстуд уæвгæйæ, ахæсты бахауын, у, кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагыл стыр дур рафæлдæхынау.  Фæлæ уæддæр, фыдæвзарæнты уæзæй  йæ ныфс нæ  асаст, йæ уарзондзинад адæммæ æмæ аивадмæ нæ фæкъаддæр, фæлæ ноджы рæсугъдæрæй æмæ æнтыстджынæй адарддæр кодта йæ сфæлдыстадон бæллиц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania