филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:49 суббота, 20 апреля 2024
24 октября 2019, 12:21
Автоклуб «Феникс»-ы архайджытæ Мæздæджы сарæзтой экологон акци

Автомобилисттæ балхæдтой алыхуызон зайæгойты æмæ бæлæсты талатæ, æмæ сæ ныссагътой «Уæлахизы Парчы»

Автоклуб «Феникс»-ы архайджытæ Мæздæджы сарæзтой экологон акци. Автомобилисттæ балхæдтой алыхуызон зайæгойты æмæ бæлæсты талатæ, æмæ сæ ныссагътой «Уæлахизы Парчы». Бæлæстæм зилгæ дæр кæндзысты сæхæдæг. Ацы мадзалæй автоклуб «Феникс» райдыдта проект «Марафон добрых дел» æххæст кæнын. Сæ зæрдæ дарынц, райгуырæн горæт саив кæныны хъуыддаг  æндæр æхсæнадон организацитæ дæр æхсызгонæй кæй райдайдзысты æххæст кæнын, ууыл. Уæвгæ та – акци баст у автомобилистты бонимæ. Автоклуб «Феникс»-ы уæнгтæ сты сыгъдæг уæлдæфы фарс, æмæ уымæ гæсгæ, цæттæ сты амæй фæстæмæ дæр æрдз хъахъхъæнынимæ баст мадзæлтты архайынмæ. «Уæлахизы Парчы» та хæстæгдæр рæстæг фæзындзæни автомобилистты аллейæ. Мæздæджы къохы администраци æнхъæлмæ кæсы се ппæтмæ дæр, алкæмæндæр йæ бон у æрбацæуын, æмæ парчы территорийы бæлас ныссадзын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania