филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:41 четверг, 18 апреля 2024
23 сентября 2021, 11:03
Бæхты театр «Нартæ» йæхи цæттæ кæны ног сезонмæ

Аивадуарзджытæм æнхъæлмæ кæсынц  ног спектакльтæ æмæ постановкæтæ

Бæхты театр «Нартæ» йæхи цæттæ кæны ног сезонмæ. Аивадуарзджытæм æнхъæлмæ кæсынц  ног спектакльтæ æмæ постановкæтæ. Ныридæгæн дзы цæттæ кæнынц Ног Азы бæрæгбæттæм.  Сабиты размæ рахæсдзысты спектакль «Алладин и разбойники». Театры абоны цард æмæ йæ фидæнмæ фæндты кой нын ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

 Спектакль «Посвящение семерым» -ы нысан  у Хъолайы цъити кæй райста, уыдоны нæмттæ сæнусон кæнын.   Уыцы æвирхъау цауы бахауыдысты бæхты театры авд артисты дæр. Уыдон хаст уыдысты Сергей Бодровы исæн къордмæ.  Их, мит æмæ лæмидæтты бынæй никæмæн уал бантыст фервæзын.

«Нарт» -ы хистæр кары артисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æрдзон фыдбылызы фæстæ рæстæг театрæн сси æппæттæй зындæр.  Бигъаты Хъазыбег бæхылбадджыты рæнхъытæ баххæст кодта 23 азы размæ, студент уæвгæйæ.  Зонгæ уыд, Хъæрмæдоны зындонæй чи нал рацыд, уыдонæй се ппæтимæ дæр. Йе мкусджытимæ, æрвылаз, бабæрæг кæнынц трагикон цау кæм æрцыд, уыцы бынат.

 

Уæд  2002 азы  трагеди ахаста цыппаркъахыг артистты цард дæр. Цæрдæг Арт уыд Елойты Майæйы уарзондæр бæх . Уæвгæ Майæ  «Нартæм» æрбацыд 97-æм азы. Уыцы бæллæхы фæстæ йæ фæндыд театрæй ацæуын, фæлæ йæ бон нæ баци. Ныр йæ зæрдæйы бынат ссардта ног хъайтар.  Ауды дыууæаздзыд Эстетыл, уый, æнæмæнг,  Арт-ы бынат нæ бацахста, фæлæ æрлæууыд йемæ æмрæнхъ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ театр 13 азы агомыг кæй уыд, йæ куыст кæй æрлæууыд. Ныр дзы цард бацайдагъ. Уæрæсейы  иунæг паддзахадон бæхты театрмæ фидæнмæ  ис стыр фæндтæ.  Фæзынд сæм æхгæд ангар, уыимæ гæнæн, æвзæр боныхъæды тренировкæтæ кæнынæн, стæй зымæгон  спектакльтæ дæттынæн.  Ныридæгæн дзы цæттæ кæнынц Ног Азы бæрæгбæттæм.  Сабиты размæ сæ фæнды рахæссын  спектакль «Алладин и разбойник»-ты. Уыимæ театр фæхъæздыгдæр æрыгон бæхылбадджытæй. Уыдон  арæхдæр сбадынц фæлтæрдджын Бумеры саргъыл. Уый у  17 аздзыд  агло-кæсгон артист, сæйрагдæр та зæрдæдарæн æмбал.

Æнæкоммæгæс Атиллæ, куыд алы æвзонг адæймаг, афтæ  уарзы куы дзы феппæлынц, уый. Ныртæккæ йыл цæуы дыууæ азы æмæ фондз мæйы. Ахуыр уал æй кæнынц  командæтæ æххæст кыныныл, уадзынц йæ иу чысыл хиваст митæ ракæнын дæр.  Афæдз æмæ рдæджы фæстæ та артистмæ домæнтæ фæкарздæр уыдзысты. Андалускаг бæх йæ ахуыргæнæгимæ архайы дрессурæ æмæ рацыды элементтæ æххæст кæныныл. Фæстаг элемент  йæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы. Сæкæр ахæрынмæ дæр тыххæйты лæууы.  Нателлæ та йыл йæ цæсты хæст нæ уадзы. Тренировкæты фæстæ  бæхтæ, куыд фæзæгъынц, кафын райдайынц.

Театры цард дарддæр кæй цæуы, уый нæ хынцгæйæ, ам иу усм дæр ничи рох кæны Хъолайы цъитийы уæззау цау. Алы спектаклы дæр кусынц канд сæхи архайдыл нæ, фæлæ ма,  Хъæрмæдоны комы цы сæ авд æмкусæджы баззад, уыдоны бæсты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania