филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:39 четверг, 28 марта 2024
30 июня 2020, 16:18
Бæлцæттæ ласыны хъуыддаджы стыр æргом аздахын хъæуы санитарон-эпидемиологон фарстамæ

Ахæм домæн Битарты Вячеслав сæвæрдта промышленносты æмæ транспорты министр Мæрзойты Владимиры размæ

Бæлцæттæ ласыны хъуыддаджы стыр æргом аздахын хъæуы санитарон-эпидемиологон фарстамæ. Ахæм домæн Битарты Вячеслав сæвæрдта промышленносты æмæ транспорты министр Мæрзойты Владимиры размæ.

Коронавирус парахат кæныны ныхмæ куысты уæлдай цæстдард  хъæуы  аздахын автомобилон æмæ фсæнвæндаджы  вокзалтæм, стæй аэропортмæ. Сæрмагонд таддагæй пырх кæнын транспорты мидæг, бæлцæттæ æмæ транспортон компаниты куысджытæй домын æрмкъухтæ æмæ маскæтæ дарын.

Уыцы фæтк æххæстгонд куы нæ цæуа, уæд дзуапп дæтдзысты КОВИДы ныхмæ домæнтæ кæй нæ ххæст кæнынц, уый тыххæй. Æмæ Битарты Вячеслав профилон ведомствæйы разамонæгæн бабар кодта æмгуыстад кæнын  адæмы барты хъахъхъæнæг цæстдарды Федералон службæимæ.

Республикæйы сæргълæууæг ма раарфæ кодта хуыйджыты куыстуæттæн, зын сахат се вæрæн кæй бахастой æмæ хи хъахъхъæныны фæрæзтæй кæй фæкастысты, уый тыххæй.

Фембæлды рæстæг ма ныхас цыд промышленносты æмæ транспорты министрады райрæзты фарстатыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania