филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:33 среда, 24 апреля 2024
21 января 2021, 12:34
Беслæны арæзт цæуынц æвзонг техникты æмæ натуралистты станцæтæ

Дыууæ бæстыхайы дæр уыдзысты кæрæдзийы фарсмæ

Беслæн рæзы Генералон пъланмæ гæсгæ. Ивгъуыд азы кæронæй фæстæмæ арæзт цæуынц цалдæр социалон ахсджиаг объекты. Се хсæн – æвзонг техникты æмæ натуралистты станцæтæ. Дыууæ бæстыхайы дæр уыдзысты кæрæдзийы фарсмæ. Нырыккон центрты лæппутæ æмæ чызджытæ ахуыр кæндзысты 3 хуызмæ гæсгæ: техникон, аивадон æмæ æрдзон наукон. Ахуыр кæныны фадат дзы уыдзæн Рахизфарсы районы алы хъæуы сывæллæттæн. Дыууæ объекты дæр арæзт цæуынц «Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты» программæ æххæст кæнгæйæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Миты бын дæр техникæйы уынæр не рлæууы, арæзтадон бригадтæ кусынц карздæр фæткмæ гæсгæ. Ацы азы кæрон æвзонг техникты æмæ натуралистты станцæтæ цы хуызы фæзындзысты, уый зонынц æрмæстдæр сæ проекттæ аразджытæ. Ныртæккæ уал арæзтад ис райдиан къæпхæны. Фидæны инженертæн æмæ айти къабазы специалисттæн бæстыхæйттæ арæзт цæуынц фæткмæ гæсгæ. Фæстиат ницæмæй кæнынц. Проект хуымæтæг нæу, кæд бæстыхай иууæладзыгон у, уæддæр.

Ахæм фæткмæ гæсгæ кусынц сыхаг зæххы хайыл дæр. Дыууæ бригады специалисттæ бындур æвæрынц æвзонг натуралистты станцæйæн æмæ уыцы-иу рæстæг хъæрмуæттæн дæр. Дыууæ объектты дæр куыстытæ нысан кæнынц æмгъуыдæй раздæр фæуын.

Хъæрмуæтты сæвæрдзысты сæрмагонд рухсытæ, стæй ма сæ сифтонг кæндзысты автоматикон хъармгæнæн æмæ вентиляцийы системæтæй. Фидæны инженерты æмæ биологты хсæн уыдзæн æрмæстдæр фæндаг. Афтæмæй лæппутæн æмæ чызджытæн уыдзæн кæрæдзимæ уазæгуаты цæуыны фадат. Дыууæ бæстыхайы дæр уавæртæ уыдзæн, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмæн. Объекттæ эксплуатацийы раттынмæ хъавынц декабры. Цалынмæ Беслæны иу хайы æвзонг техниктæн ног станцæ аразынц, уæдмæ иннæ та кусы æнæрлæугæйæ. Ам цы иугæндтæ æмæ лабораторитæ ис, уыдон афæдзы фæстæ раивдзысты ног бæстыхаймæ. Уæвгæ центрæн йæхи бæстыхай никуы уыди. Фæстаг 40 азы куыста 5-æм скъолайы бындурыл. Уыцы мгъуыдмæ чысыл къордтæй сырæзыд бирæ иугæндтæ. Кусынц 3 хуызмæ гæсгæ: техникон, аивадон æмæ æрдзон наукон. Цалынмæ чызджытæ куклатæ аразынц, уæдмæ лæппутæ та сæхи конд авиамодельтæ тæхын кæнынц арвмæ. Сæ фарсмæ æрмадзы та фæсивæд кусынц æлыгимæ. Сæйрагдæр сын у фантази равдисын. Дыккаг уæладзыджы та мультимедиа æмæ кибернетикæйы дуне. Роботтæн проекттæ аразын у зын, фæлæ цымыдисаг хæс. Ахсджиаг у алы лыстæг хъуыддаг дæр.  Къуырисæрты æмæ æртыццæгты педагогтæ сывæллæттимæ кусынц Рахизфарсы районы скъолаты. Сæ ахуыргæнинæгты нымæц мин адæймагæй фæфылдæр. Алы хатт дæр центры архайынц исты ногдзинæдтæ æрхъуыды кæныныл. Сæйрагдæр та уый у, æмæ ахуыртæ сты лæвар.

Уымæ æнхъæлмæ кæсынц центры хъомылгæнинæгтæ дæр. Гуыбиаты Эдуард афæдзы бæрц архайы картингы. Уыцы мгъуыдмæ 15-аздзыд спортсмены къухы бафтыд æнтыстдзинæдтæ. Фæлæ сын практикон ахуыртæн æппындæр уавæртæ нæй.

Æвзонг техникты станцæйы территорийы уыдзæн ахæм ахуыртæн сæрмагонд фæз. Дыууæ уагдоны дæр сæ байгом кæнынмæ сифтонг кæндзысты нырыккон кусæнгæрзтæй. Алы къабазы зындзинадмæ гæсгæ сывæллæттæн фадат уыдзæн ахуыртæм цæуын, суанг рæвдауæндонæй райдайгæйæ æмæ 18 азы онг. 

Ног уагдæтты ахуыр кæнынæн фадат уыдзæн Рахизфарсы районы алы хъæуы сывæллæттæн. Дыууæ объекты дæр арæзт цæуынц «Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты» программæ æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania