филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:58 суббота, 20 апреля 2024
01 октября 2020, 13:12
Беслæны дарддæр цæуы, 230 бынаты кæм уыдзæн, ахæм рæвдауæндоны арæзтад

Беслæны маисон комбинаты икрорайоны цы бирæуæладзыгон ног хæдзæртты ис, уыдоны цæрджытæн нырæй фæстæмæ сæ кæстæрты горæты æндæр районмæ ласын нал хъæудзæн

Беслæны дарддæр цæуы, 230 бынаты кæм уыдзæн, ахæм рæвдауæндоны арæзтад. Беслæны маисон комбинаты микрорайоны цы бирæуæладзыгон ног хæдзæртты ис, уыдоны цæрджытæн нырæй фæстæмæ сæ кæстæрты горæты æндæр районмæ ласын нал хъæудзæн. Рæвдауæндоны уыдзæн 12 ног къорды. Уыдонæй дыууæ æппæты кæстæртæн, иннæ 10 та хистæр кары сабитæн. Беслæны 1-æгæм рæвдауæндон сбæрæг кодта йе 85 азы юбилей. Ацы бæстыхайы схъомыл сты дæсгай фæлтæртæ. Кæд æмæ йæ кусджытæ æппынæдзухдæр архайынц рæвдауæндонмæ зилыныл, уæддæр 30-æм азты кæй сарæзтой, уыцы бæстыхай нырыккон уавæрты дарын æнцон нæу. Сидахъаты Аллæйы æртæ сывæллоны цыдысты раздæры рæвдауæндонмæ, цыппæрæм саби та бацæудзæн ног бæстыхаймæ.

Фыццæгæм рæвдауæндоны ног бæстыхайы арæзтад бацыд йæ тæмæны. 2 мин квадратон метры, 230 бынаты. Ам уыдзысты æппæтæй къаддæр кары сабитæ дыууæ къордмæ. Уыдзæн дзы фæйнæ фынддæс сывæллоны. 10 хистæр къорды та уыдзæни фæйнæ дыууын хъомылгæнинаджы. Беслæны маисон комбинаты микрорайоны ног арæзт хæдзæртты цæрджыты нырæй фæстæмæ сæ кæстæрты æндæр районты рæвдауæндæттæм кæнын нал хъæудзæн.

Фыццæгæм уæладзыджы къордтæй дарддæр уыдзысты административон бæстыхай æмæ медицинон блок. Дыккаг уæладзыджы та – хъармгæнæн, физкультурон æмæ актон залтæ, стæй трансоформаторон дæлстанцæ. Фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ ныртæккæ Рахизфарсы районы рæвдауæндæттæм рад кæй нал ис. Уый хауы, æртæйæ – авд азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæм. Ахæм уавæр ис республикæйы иннæ муниципалитетты дæр. Фарста ма кæронмæ алыг кæнын хъæуы æрмæстдæр Дзæуджыхъæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania