филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:34 вторник, 23 апреля 2024
09 октября 2020, 14:37
Беслæны спортивон скъола-интернат бæрæг кæны йæ юбилей

Цыбыр æмгъуыдмæ нæ республикæйы нымад æрцыд хуыздæр ахуыргæнæндæттæй иуыл

10 азы Иван Канидийы ныстуантæм гæсгæ цæрын. Беслæны спортивон скъола-интернат бæрæг кæны йæ юбилей. Цыбыр æмгъуыдмæ нæ республикæйы нымад æрцыд хуыздæр ахуыргæнæндæттæй иуыл.

Ис сын бирæ хæрзиуджытæ, уыимæ канд спортимæ баст не сты. Кæд сын юбилей у, уæддæр бæрæгбоны мадзæлттæ ивд æрцыдысты пандемияйы аххосæй. Уæвгæ та ам нымайынц, хуыздæр бæрæгбон у – хорз ахуыр кæнын, æмæ спорты бæрзæндтæм тырнын. Иван Канидийы номыл скъолайы стыр æргом здахынц футболмæ. Ахуырдзаутæн се ртыккаг хай æвзæрст æрцыдысты футболы Академимæ. Алкæмæн дæр сæ ис йæхи бæллиц, æмæ йæ уарзон футболист.

Алыхуызон турнирты арæх бацахсынц фыццаг бынæттæ. Æххуыс сын кæнынц сæ фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Скъолайыл кæд 10 азы йеддæмæ нæ цæуы, уæддæр цæмæй раппæлой, уый сын ис. Зæгъæм, сæхи музей. Уым базонæн ис бирæ цымыдисаг хъуыддæгтæ. Ахуыргæнæндоны директор Константин Канидийы фыд Иван уыд Беслæны фыццæгæм скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæг. Теракты рæстæг равдыста  лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад. Амынæты уæвгæйæ йæ ахуырдзауты нæ ныууагъта, кæдæ æмæ йын террористтæ ахæм бар лæвæрдтой, уæддæр. Йæ царды фæстаг минуттæм ирвæзын кодта сывæллæтты. Ивгъуыдæн кад кæнгæйæ, ам ныфсимæ кæсынц фидæнмæ. Скъоладзауты ныййарджыты хъуыдымæ гæсгæ, сын ацы скъола уыдзæн фидар бындур фидæны æнтыстдзинæдтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania