филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:41 четверг, 28 марта 2024
20 февраля 2020, 18:13
Битарты Вячеслав æрвылазон доклад-ныстуан скодта республикæйы Парламентмæ

Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны ивгъуыд азы социалон-экономикон рæзты сæйрагдæр хъуыддæгтыл, æмæ ацы азы нысантыл

Абон Битарты Вячеслав æрвылазон доклад-ныстуан скодта республикæйы Парламентмæ. Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны ивгъуыд азы социалон-экономикон рæзты сæйрагдæр хъуыддæгтыл, æмæ ацы азы нысантыл. Уæвгæ республикæйы сæргълæууæджы ныстуан банымайæн ис Уæрæсейы Президенты  Федералон Æмбырдмæ ныстуаны сæйраг тезистыл. Республикæйы разамонæг йæ раныхас райдыдта Хицауады куыстæн аргъ кæнгæйæ. Бæлвырддæр та загъта, хицауад хъуамæ кæй хынца æппæт фарстатæ, районты цы æмбырдтæ вæййынц, уыдонмæ гæсгæ. Стыр æргом аздæхтой цардархайды æппæт къабæзтæм. Йæ ныстуаны Битарты Вячеслав загъта, раздæрау, ахсджиаг кæй у национ проектты архайын. Уыимæ фæрæзтæ ахадгæйæ хардз кæнын. Республикæйы разамонæг раарфæ кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путинæн, Цæгат Ирыстонæн ахсджиаг проектты фарс кæй рахæцыд, уый тыххæй. Нæ сæйрагдæр хæс у 2030-æм азмæ социалон-экономикон рæзты Стратегийæн æмбæлгæ уавæртæ аразын. 2016-æм азы цы бюджетон-финансон политикæйы курс равзæрстой, уый банымайæн ис æнтыстджыныл. Стыр æргом здæхт æрцыд мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania