филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:57 четверг, 25 апреля 2024
25 июня 2020, 16:19
Битарты Вячеслав бабæрæг кодта футболы академи «Алани»-йы арæзтад

Æвзонг спортсментæн йæ дуæрттæ хъуамæ байгом кæна ацы аз сентябры

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав бабæрæг кодта футболы академи «Алани»-йы арæзтад. Æвзонг спортсментæн йæ дуæрттæ хъуамæ байгом кæна ацы аз сентябры.

Кусæг балцы ма уыдысты Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег, стæй физкультурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан. Футболы Академийы директор Битарты Роберт куыд радзырдта, афтæмæй, пандемияйы уавæртæ нæ хынцгæйæ, арæзтад нæ бакъуылымпы. Объект эксплуатацийы ратдзысты августы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, проектмæ гæсгæ Академи-интернат арæзт уыдзæн 5-уæладзыгон бæстыхайæ. Уым æвзонг спортсментæн уыдзæн æнцонвадат уавæртæ.

Бæлвырддæр та – 2 футболон фæзы трибунæтимæ, цъæх фæлысты зонæ, стæй машинæтæн æрлæууæн бынат. Ам ахуыр кæндзысты 120 курдиатджын спортсмены Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй. 1-æм июлæй фæстæмæ æвзардзысты, 12-æй – 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм курдиатджын лæппуты. 

Битарты Вячеслав ма аныхас кодта футболы Академийы сæйраг тренер Владимиром Рокуновимæ. Федералон специалист куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ, конкурсмæ гæсгæ, цæуы тренерты æвзарæн куыст. Снысан кодтой тренировкæты фæтк, æмæ кусынц ахуырадон программæтыл. Акакдемийы хъуамæ куса профессионалон тренерты штат æмæ фæлтæрдджын педагогтæ. Ахсджиаг у æппæт уавæртæ саразын, цæмæй сывæллæттæ канд спортивон цæттæдзинад ма исой, фæлæ ма алывæрсыг ахуырад дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania