филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:18 четверг, 25 апреля 2024
24 октября 2019, 17:00
Битарты Вячеслав фæсидт бизнес-æхсæнады фарсхæцджытæм

Цæмæй амалхъом адæм паддзахадæй цы æххуыс исынц, уый фæтк ивд æрцæуа.

Битарты Вячеслав фæсидт бизнес-æхсæнады фарсхæцджытæм, цæмæй амалхъом адæм паддзахадæй цы æххуыс исынц, уый фæтк ивд æрцæуа.

Республикæйы сæргълæууæг йе ргом аздæхта гранттæ æмæ субсидитæ дæттыны системæмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ æрмæстдæр хицæн адæм сты разы ацы хъуыддагæй, æмæ уый раст нæу. Амалхъомдзинады фæдыл арæзт æмбырды ма ныхас цыд семинартæ æмæ равдыстытæ аразæг фондты архайдыл. Уыдонæй дæр куыд загъта, афтæмæй тынг разы нæу. Экономикæйы райрæзты министр Томайты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй амалхъомдзинады фондмæ афæдзы райдианæй æрбацыд 2000 адæймаджы. Горæты æмæ районты сарæзтой иу къорд ахуыргæнæн мадзалы. Афæдзы кæронмæ Дзæуджыхъæуы сараздзысты, райдайгæ амалхъом адæмæн æххуыс чи уыдзæн, ахæм центр. Битарты Вячеслав хорзыл банымадта уыцы хъæппæрис, æмæ загъта йæ лæггæдтæй районты амалхъом адæм дæр куыд пайда кæной.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania