филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 вторник, 23 апреля 2024
09 июля 2020, 18:05
Битарты Вячеслав фембæлд Фрайты Сосланæнимæ

Беслæныхъæуы комплексон райрæзты генералон пълан сæххæст кæныны мадзæлттыл ныхас цыди кусæг фембæлды

Беслæныхъæуы комплексон райрæзты генералон пълан сæххæст кæныны мадзæлттыл ныхас цыди, Битарты Вячеслав æмæ Рахизфарсы районы разамонæг Фрайты Сосланæн цы кусæг фембæлд уыди, уым. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй  февралы Владимир Путинимæ фембæлды рæстæг ныхас цыди Беслæны рацарæзты пъланыл дæр. Уыцы хъуыддæгтæн ныридæгæн дихгонд æрцыди фæрæзтæ.

Бирæ фарстатæ хаст æрцыдысты Цæгат Кавказы федералон пъланы рæзты паддзахадон программæтæм. Се хсæн Беслæны социалон инфраструктурæйы объекттæ. Бæлвырддæр та: 120 бынатæн сывæллæтты рæвдауæндоны, 550 бынатæн скъола, æвзонг техникты æмæ натуралистты станцæты арæзтадтæ. Фембæлды æргом здæхт æрцыди, 2019-æм азы кæрон Рахизфарсы районы цæрджытимæ цы фембæлдтытæ цыди, уыдоны хатдзæгтæм дæр. Битарты Вячеслав загъта, алы фарстайыл дæр дзы ахадгæйæ кæй хъæуы бакусын, уый.

Фрайты Сослан фехъусын кодта, алы хъæуæн дæр бацæттæ кодтой бæлвырд куысты пъланимæ «фæндаггон картæ», уымæ гæсгæ каст цæудзæни алы адæймаджы курдиатмæ дæр. Районы бюджетæй кæуыл нæ аххæссой, уыцы фарстатæн та æххуыс агуырдзысты республикæйы хицауадæй, стæй сæ хæсдзысты паддзахадон программæтæм. Раздæрау боны фæткæй ист нæма рцыди коронавирусы темæ. Республикæйы Сæргълæууæг бадомдта, цæмæй дарддæр æххæстгонд цæуой вирусы ныхмæ мадзæлттæ. Ацы фарстамæ уæлдай бæрнондæр  цæстæй æркæсын хъæуы иумæйаг паддзахадон фæлварæны рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania