филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:31 пятница, 19 апреля 2024
04 декабря 2019, 12:28
Битарты Вячеслав фембæлд культурæйы министр Къубалты Эльбрусимæ

Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой бæхты театр «Нарты» дарддæры архайдыл дæр

Паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы бæрны цы сывæллæтты студи ис, уый хъысмæтыл ныхас цыди, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ æмæ культурæйы министр Къубалты Эльбрусæн цы фембæлды уыди, уым. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ацы сфæлдыстадон къорд уыди æмæ у, республикæ сæрыстыр кæмæй у, ахæм. Ам та ахсджиаг у, ног фæлтæртæ хъомыл кæнын. Уыимæ, фæсивæды ахуыр кæнын хъæуы лæвар. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой бæхты театр «Нарты» дарддæры архайдыл дæр. Министры ныхæстæм гæсгæ, театрæн балхæндзысты ног бæхтæ, стæй райсдзысты бæхылбадджыты ног фæлтæр. Дарддæр боны фæткмæ рахастой Цæгат Ирыстоны национ музейы рацарæзт. Арæзтадон куыстытæ дзы хъуамæ фæуой ацы азы кæронмæ. Æххæстæй та кусын райдайдзæн 2020-æм азы. Битарты Вячеслав бузныг загъта се ппæтæн дæр, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 160 азы бонмæ иттæг хорз кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Ацы аз ма республикæйы бæрзонд æмвæзадыл конд æрцыди аивадон æркаст «Иры Фарн». Йæ сæйраг нысан у, фæсивæды курдиат гом кæнын, стæй нацийы культурæ æмæ традицитæ фæлтæрæй – фæлтæрмæ дæттын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania