филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:23 среда, 24 апреля 2024
05 января 2020, 12:05
Битарты Вячеслав фембæлд Рахизфарсы районы хъæутæ Раздзог, Цæлык æмæ Бæтæхъойыхъæуы цæрджытимæ

Сæ фæрстытæн ма сын дзуæппытæ лæвæрдтой муниципалон разамынды минæвæрттæ

Битарты Вячеслав фембæлд Рахизфарсы районы хъæутæ Раздзог, Цæлык æмæ Бæтæхъойыхъæуы цæрджытимæ. Сæ фæрстытæн ма сын дзуæппытæ лæвæрдтой муниципалон разамынды минæвæрттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы фылдæр тыхсын кодтой ахуырады, куысты бынæтты æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстатæ.

Йе ргомдзинад æвдисгæйæ, Битарты Вячеслав рæстæгæй-рæстæгмæ фембæлы республикæйы алы районты цæрджытимæ. Уым алкæмæн дæр фадат вæййы, республикæйы сæргълæууæгмæ цыфæнды фарст раттынæн. Ацы хатт сæ фембæлд арæзт æрцыд Рахизфарсы районы Цæлыччы. Æргом ныхасы ма архайдтой Раздзоджы æмæ Зæронд Бæтæхъойыхъæуы цæрджытæ дæр.

Алы хатт куыд вæййы, афтæ та ныр дæр республикæйы сæргълæууæгимæ иумæ æрбацыдысты министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæ. Ахæм хуызы куысты фæрцы Битарты Вячеслав æвæстиатæй бабар кæны фарста алыг кæнын бæрнон кусæгæн. Ацы хатт æппæтæй ахсджиагдæр хъуыддæгтæ баст уыдысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстатимæ.

Министр Таматы Майрæн ма бафтыдта, Цæлыччы цæрджытæн æрмæстдæр се ртыккаг хай фиды донæн. Æмæ ма сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта, министрады кæй кусы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады субсидитæ фидыны центр. Тарифтæй дарддæр ма цæрджыты базонын фæндыд ахуырады къабазы ивддзинæдты тыххæй дæр.

Стыр æргом ма аздæхтой ахуыргæнджыты куысты мыздмæ. Хъуамæ фæфылдæр уа йæ бындурон хай æртæйæ – фондз мин сомы онг. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ууыл кусдзысты дарддæр дæр.

Фембæлды ма ныхас цыд регионалон оператор Эко Альянсыл. Æрæджы йын уыцы статус айстой. Фæлæ кæронбæттæн уынаффæ хаст æрцæудзæн, компанийы разамындимæ фембæлды æмæ бæрæгбæтты фæстæ, загъта Битарты Вячеслав. Ныхас ма цыд, хъæуты куысты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, ууыл. Битарты Вячеслав сын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдта. Фембæлды фæстæ республикæйы сæргълæууæг аныхас кодта, йæхимæ йæм комкоммæ чи бацыд, уыцы адæмимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania