филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 20 апреля 2024
07 августа 2020, 12:45
Битарты Вячеслав фембæлд «Трансавто»-йы генералон директоримæ

Къубалты Алыксандр бацæттæ кодта бæлццæттæласæн къабаз фæхуыздæр кæныны проект

Республикæйы разамынды хæс у саразын æппæт мадзæлттæ, цæмæй цæрджытæм æххæстæй хæццæ кæной транспорты лæггæдтæ. Уый тыххæй Битарты Вячеславимæ кусæг фембæлды рæстæг загъта «Трансавто»-йы генералон директор Къубалты Алыксандр. Республикæйы сæргълæууæг ын загъта бузныг, 34-æм æмæ 50-йæм маршрутты куыст кæй снывыл кодта, стæй бæлццæттæн æдас уавæртæ кæй сарæзта, уый тыххæй.

Къубалты Алыксандр бацæттæ кодта бæлццæттæласæн къабаз фæхуыздæр кæныны проект. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Трансавто цæттæ у республикæйы маршруттæ фæфылдæр кæнынмæ. Уыимæ маршруткæты шофыртæ кусдзысты официалон уагæй æмæ уый фæрцы рæздзæнис республикæйы бюджеты æфтиаг дæр. Фæнд кæнынц саразын картæтæй фидыны системæ, балцы иумæйаг билет аслам тарифимæ. Йæ фæрцы бæлццоны бон уыдзæнис сахаты дæргъы цалдæр хатты аивын йæ балцы маршрут, æмæ йæ уый тыххæй æндæр маршруткæйы сбадгæйæ фидын нæ хъæудзæн. Алы автобусы дæр скæндзысты видеоцæстдард æмæ уый фæрцы сырæздзæнис бæлццæтты æдасдзинад.

Битарты Вячеслав Къубалты Алыксандрæн зæрдæ бавæрдта, уыцы хъуыддаджы сæм йæ бон цæмæй у, уымæй кæй фæкæсдзæн. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны транспортон лæггæдтæ дæттынц 2655 машинæйы. Маршруткæтæй бирæты куыст у уайдзæфы аккаг. Бæлцæттæ арæхдæр хъаст кæнынц машинæты уавæрæй, стæй автобустæ æмбæлгæ рæстæг кæй нæ цæуынц, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania